Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 15:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Стӕй Давид загъта: «Ӕрмӕстдӕр левиттӕн ис Хуыцауы Фидыды Чырын хӕссыны бар, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдоны равзӕрста Фидыды Чырын хӕссынӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн мыггагмӕ лӕггад кӕнынӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 15:2
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыдон-иу размӕ ӕхсӕз санчъехы куы акодтой, уӕд та-иу Давид нывондӕн ӕрхаста гал ӕмӕ хӕрзхаст род.


Ӕмӕ загъта левиттӕн, Дунедарӕгӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдонӕн, ӕгас Израилы зондамонджытӕн: «Фидыды Чырын сӕвӕрут, паддзах Давиды фырт Соломон кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны. Нал уын ӕй хъӕуы уӕхсчытыл хӕссын. Нырӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн.


Хъилтӕ — Фидыды Чырын хӕссынӕн, йӕ фӕйнӕфарс сӕ цӕгты батъысс.


Ӕз уыдонӕй иуӕй-иуты равзардзынӕн, цӕмӕй мын уыдон сауджынтӕ ӕмӕ левиттау лӕггад кӕной, — зӕгъы Дунедарӕг.


«Фӕсид Левийы мыггагмӕ ӕмӕ сӕ сауджын Аароны дӕлбар бакӕн, уадз ӕмӕ йын лӕггад кӕной.


Бакӕн левитты Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕлбар; израилӕгты ’хсӕн уыдон Ааронӕн лӕвӕрд сты.


Кехаты байзӕддӕгтӕн та ницы радта, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ лӕггад уаз дзауматимӕ баст уыди — сӕ уӕхсчытыл сӕ хъуамӕ хастаиккой.


Уыцы рӕстӕджы Дунедарӕг Левийы мыггаджы фӕхицӕн кодта, цӕмӕй Фидыды Чырын хӕссой, Дунедарӕджы раз уой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной; цӕмӕй Йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной. Уый абоны онг дӕр афтӕ у.


Моисей ныффыста уыцы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕм, Левийы байзӕддӕгтӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм радта.


ӕмӕ адӕмӕн бафӕдзӕхстой: «Сауджын левиттӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Фидыды Чырын рахӕссынц, уый куы фенат, уӕд сымах дӕр уӕ бынатӕй фенкъуысут ӕмӕ йӕ фӕдыл араст ут.


Адӕмӕн та загъта: «Цӕут ӕмӕ сахары алыварс ӕрзилут! Хотыхджынты раззаг къорд Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй цӕуӕд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ