Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 15:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уыдонимӕ — сӕ иннӕ ӕрвадӕлты, левитты куысты дӕлдӕр къӕпхӕныл чи лӕууыд, уыдон: Захариа, Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Унни, Елиав, Бенайа, Маасеа, Маттитиа, Елифле, Микнеа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиелы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 15:18
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давиды нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахармӕ аласын ӕмӕ йӕ гатаг Овед-Едомы хӕдзармӕ арвыста.


Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.


Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзары фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты йӕ хӕдзаронтӕ дӕр ӕмӕ йе ’ппӕт исбон дӕр.


Левиттӕ сӕвӕрдтой Иоелы фырт Хеманы ӕмӕ уый ӕрвад Асафы, Варахийы фырты; адонӕн се ’рвадӕлтӕй та, Мерарийы байзӕддӕгтӕй — Кушаиайы фырт Етаны.


Зарӕггӕнджытӕ Хеман, Асаф ӕмӕ Етан цагътой ӕрхуы ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй;


Захариа, Азиел, Шемирамот, Йехиел, Унни, Елиав, Маасеа ӕмӕ Бенайа — дыууадӕстӕнонтӕй, цъӕхснаг хъӕлӕсӕй;


Маттитиа, Елифле, Микнеа, Овед-Едом, Йеиел ӕмӕ Азазиа та цагътой хъисфӕндыртӕй, бӕзджын хъӕлӕсӕй.


стӕй Овед-Едомы ӕмӕ йе ’рвад-ӕфсымӕрты, аст ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Йедутуны фырт Овед-Едомы ӕмӕ Хосайы та скодта дуаргӕстӕ.


Михайы ӕфсымӕр — Ишшиа, Ишшиайы фырттӕй — Захариа.


Овед-Едоммӕ ӕрхауд хуссарӕрдыгӕй кулдуар, йӕ фырттӕм та — Кувӕндоны ӕфтауцуат.


Овед-Едомы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Шемайа, дыккаг — Йозавад, ӕртыккаг — Йоах, цыппӕрӕм — Сахар, фӕндзӕм — Нетанел,


Адон се ’ппӕт дӕр сты Овед-Едомы байзӕддӕгтӕ. Сӕхӕдӕг дӕр, стӕй сӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ се ’рвадӕлтӕ дӕр уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ, зӕрдӕргъӕвд кусджытӕ, ӕдӕппӕт дыууӕ ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ