Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 15:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ кӕддӕр Моисей куыд фӕдзӕхста, афтӕ левиттӕ Хуыцауы Фидыды Чырын хъилтыл ӕвӕрдӕй се уӕхсчытыл рахастой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 15:15
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд, Хуыцауы Фидыды Чырыны фӕрцы Овед-Едом ӕмӕ йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты, зӕгъгӕ. Давид ацыд ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзарӕй Давиды сахармӕ цингӕнгӕ ӕрбахаста.


Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыдон-иу размӕ ӕхсӕз санчъехы куы акодтой, уӕд та-иу Давид нывондӕн ӕрхаста гал ӕмӕ хӕрзхаст род.


Уыцы хъилтӕ ахӕм даргъ уыдысты, ӕмӕ сын сӕ кӕрӕттӕ уыдта, Рухсмонуаты дуармӕ-иу чи ӕрлӕууыд, уый, фӕлӕ уымӕй ӕддӕдӕр нӕ зындысты. Фидыды Чырыны хуылфы ницы уыди, дыууӕ къӕйдуры йеддӕмӕ. Кӕддӕр Израилы адӕм Мысырӕй куы рацыдысты ӕмӕ Дунедарӕг семӕ куы бафидыдта, уӕд сӕ Хоревы хохыл Моисей нывӕрдта уыцы Чырыны. Ӕмӕ ныронг дӕр уым сты.


Фидыды Чырынмӕ къухӕй кӕй февнӕлдта, уый тыххӕй Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ ӕрцавта. Узза уыцы ран, Хуыцауы раз, мардӕй ӕрхауди.


Уыцы хъилтӕ ахӕм даргъ уыдысты, ӕмӕ сын, Рухсмонуаты раз ӕрлӕугӕйӕ, сӕ кӕрӕттӕ фенӕн уыди, фӕлӕ хӕдзары ӕдде нӕ зындысты. Абоны онг дӕр сӕ бынат уыцы ран ис. Фидыды Чырынӕн йӕ мидӕг дыууӕ къӕйдурӕй уӕлдай ницы уыди. Кӕддӕр Израилы адӕм Мысырӕй куы рацыдысты ӕмӕ Дунедарӕг семӕ фидыд куы сарӕзта, уӕд сӕ Моисей Хоревы хохыл Чырыны нывӕрдта.


Уый фӕстӕ Моисей Фидыды Чырыны нывӕрдта Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ, хъилтӕ сӕ бынӕтты бакодта ӕмӕ Чырынӕн йӕ сӕр ӕрӕвӕрдта йӕ уӕлӕ.


Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.


Кехаты байзӕддӕгтӕн та ницы радта, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ лӕггад уаз дзауматимӕ баст уыди — сӕ уӕхсчытыл сӕ хъуамӕ хастаиккой.


Уыцы рӕстӕджы Дунедарӕг Левийы мыггаджы фӕхицӕн кодта, цӕмӕй Фидыды Чырын хӕссой, Дунедарӕджы раз уой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной; цӕмӕй Йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной. Уый абоны онг дӕр афтӕ у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ