Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 15:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уӕд сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ссыгъдӕг кодтой сӕхи, цӕмӕй ӕрбахӕссой Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 15:14
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ сын загъта: «Левитты мыггӕгты хистӕртӕ! Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын ӕрбахӕссут, цы бынат ын равзӕрстон, уырдӕм.


Ӕмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ кӕддӕр Моисей куыд фӕдзӕхста, афтӕ левиттӕ Хуыцауы Фидыды Чырын хъилтыл ӕвӕрдӕй се уӕхсчытыл рахастой.


Уыдон се ’рвад-ӕфсымӕрты ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ, паддзах куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, фыццаджыдӕр ссыгъдӕг кодтой сӕхи, уый фӕстӕ та райдыдтой Кувӕндон сыгъдӕг кӕнын.


Сауджынты нымӕц ӕгӕр гыццыл уыди, цӕмӕй иууылсудзинаг нывӕндты цӕрмттӕ иууылдӕр бастигъой, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кодтой, цалынмӕ куыст кӕронмӕ нӕ фӕци ӕмӕ иннӕ сауджынтӕ дӕр сӕхи не ссыгъдӕг кодтой, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ левиттӕ, сауджынтӕй уӕлдай, фылдӕр бацархайдтой сӕхи ссыгъдӕг кӕныныл.


Сауджынтӕ Кувӕндонӕй рацыдысты. Уыцы бонмӕ се ’гас дӕр, чи дзы цы къордӕй уыд ӕмӕ дзы кӕмӕ цы хӕс хауди, уыдӕттӕ нӕ хынцгӕйӕ, сӕхи ссыгъдӕг кодтой.


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр ссыгъдӕг кодтой, ссыгъдӕг кодтой кулдуӕрттӕ ӕмӕ къул дӕр.


Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ