Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 15:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 ӕмӕ сын загъта: «Левитты мыггӕгты хистӕртӕ! Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын ӕрбахӕссут, цы бынат ын равзӕрстон, уырдӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 15:12
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид йӕ сахары йӕхицӕн саразын кодта хӕдзӕрттӕ, Хуыцауы Фидыды Чырынӕн равзӕрста бынат ӕмӕ йын ныссагъта цатыр.


Уӕд сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ссыгъдӕг кодтой сӕхи, цӕмӕй ӕрбахӕссой Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын.


Давид ӕппӕт Израилы адӕммӕ дӕр фӕсидт Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахӕссой, цы бынат ын равзӕрста, уырдӕм.


Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым сӕвӕрдтой. Стӕй Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.


Уыдон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртау, Аароны байзӕддӕгтау, хӕлттӕ сӕппӕрстой паддзах Давиды, Цадокы, Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Стыр ӕмӕ чысыл мыггӕгтӕн, хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ, уыдис ӕмхуызон бартӕ.


Адон уыдысты левитты мыггӕгты хистӕртӕ; цардысты Йерусалимы.


Соломон ӕгас Израилмӕ фӕсидти: миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕм.


Хуыцауы Фидыды Чырын йӕ заманы Давид Кирйат-Иаримӕй ӕрбахаста, Йерусалимы йын цы бынат скодта, уырдӕм.


Уый фӕстӕ, дыккаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, аргӕвстой Куадзӕны уӕрыччы. Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕхиуыл ӕрхудтысты, ссыгъдӕг кодтой сӕхи ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ’рбахастой.


Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уе ’рвадӕлтӕн Куадзӕны уӕрыкк аргӕвдут, Дунедарӕг Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».


Сауджынтӕ Кувӕндонӕй рацыдысты. Уыцы бонмӕ се ’гас дӕр, чи дзы цы къордӕй уыд ӕмӕ дзы кӕмӕ цы хӕс хауди, уыдӕттӕ нӕ хынцгӕйӕ, сӕхи ссыгъдӕг кодтой.


Паддзах Соломон басидт Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй, Сионы хохӕй, хаст ӕрцӕуа.


Левиттӕн загътон, цӕмӕй сӕхи ссыгъдӕг кӕной ӕмӕ кулдуары раз хъалагъур ӕрлӕууой, сабаты бон уаз куыд уа, афтӕ. Уыдӕттӕ дӕр мын ма ферох кӕн, мӕ Хуыцау, ӕмӕ мын ныххатыр кӕн Де стыр хорзӕхы фӕрцы!


Цӕугӕут, цӕугӕут! Рацӕут уырдыгӕй! Уӕхи хизут, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл бандзӕвынӕй! Ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ мигӕнӕнтӕ сымах хӕсдзыстут!


Уый-иу рауӕлдай кӕнут сауджынтӕн, Цадокы байзӕддагӕй чи у, Мӕ Кувӕндоны Мын уазлӕггад чи кодта, уыдонӕн. Израилӕгтӕ Мӕ куы ныууагътой, уӕд мыл адон иннӕ левиттау сӕхи нӕ атигъ кодтой.


Срухс сӕ кӕн Дӕ ӕцӕгадӕй — Дӕ ныхас у ӕцӕгад.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ