11 Давид фӕдзырдта сауджынтӕ Цадок ӕмӕ Авиафармӕ, левиттӕй — Уриел, Асайа, Иоел, Шемайа, Елиел ӕмӕ Аминадавмӕ
Уым демӕ уыдзысты сауджынтӕ Цадок ӕмӕ Авиафар, ӕмӕ-иу сӕм, паддзахы галуаны цыдӕриддӕр фехъусай, уый фӕхабар кӕн.
Шева — нымӕрдар, Цадок ӕмӕ Авиафар — сауджынтӕ;
Ахитувы фырт Цадок ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелех — сауджынтӕ, Серай — нымӕрдар,
Паддзах сауджын Авиафарӕн загъта: «Цӕугӕ Анатотмӕ, дӕ зӕххы хаймӕ, ӕмӕ уым цӕр! Маринаг дӕ, фӕлӕ дын, мӕ фыд Давиды сӕр нымайгӕйӕ, абон хатыр кӕнын. Уымӕн ӕмӕ кӕддӕр мӕ фыды разӕй хастай Дунедарӕг Хуыцауы Фидыды Чырын, ноджы ма мӕ фыдимӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстай».
Паддзах Соломон та ӕфсады хицауӕй сӕвӕрдта Йеходайы фырт Бенайайы — Йоавы бӕсты, сауджын та скодта Цадокы — Авиафары бӕсты.
Ӕхсарджын хӕстон лӕппу Цадок ӕм ӕрцыд йӕ мыггагӕй дыууын дыууӕ хицауимӕ.
Уззиелы мыггаджы раздзог Аминадав ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — дыууадӕс ӕмӕ фондзыссӕдз лӕгмӕ.
Сауджын Цадокӕн ӕмӕ уымӕн йӕ сауджын ӕрвадӕлтӕн Давид бахӕс кодта Гивоны кувӕн къуыбырыл, Дунедарӕджы Цӕрӕны цур,
Ахитувы фырт Цадок ӕмӕ Авиафары фырт Авимелех — сауджынтӕ, Шавша — нымӕрдар,