1 Давид йӕ сахары йӕхицӕн саразын кодта хӕдзӕрттӕ, Хуыцауы Фидыды Чырынӕн равзӕрста бынат ӕмӕ йын ныссагъта цатыр.
Фӕлӕ паддзах загъта: «Йӕ хӕдзармӕ цӕуӕд, йӕхи мын ма фенын кӕнӕд». Афтӕмӕй Авессалом йӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхти, фӕлӕ йын паддзахы размӕ фӕндаг нӕ уыд.
Давид ӕрцарди фидары, Давиды сахар ӕй схуыдта ӕмӕ йын Миллойӕ мидӕмӕ, фидары онг, йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ сарӕзта.
Паддзах Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд, Хуыцауы Фидыды Чырыны фӕрцы Овед-Едом ӕмӕ йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты, зӕгъгӕ. Давид ацыд ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзарӕй Давиды сахармӕ цингӕнгӕ ӕрбахаста.
Дунедарӕджы Фидыды Чырын бахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым нысангонд бынаты сӕвӕрдтой. Давид Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхаста.
ӕмӕ сын загъта: «Левитты мыггӕгты хистӕртӕ! Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын ӕрбахӕссут, цы бынат ын равзӕрстон, уырдӕм.
Давид ӕппӕт Израилы адӕммӕ дӕр фӕсидт Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахӕссой, цы бынат ын равзӕрста, уырдӕм.
Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым сӕвӕрдтой. Стӕй Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.
Дунедарӕджы хӕдзары Фидыды Чырын куы ӕрӕнцад, уый фӕстӕ дзы Давид сӕвӕрдта зарӕггӕнджыты.
Хуыцауы Фидыды Чырын йӕ заманы Давид Кирйат-Иаримӕй ӕрбахаста, Йерусалимы йын цы бынат скодта, уырдӕм.
Паддзах Соломон басидт Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй, Сионы хохӕй, хаст ӕрцӕуа.
Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Дзы куырдта Йаковы Хуыцауӕн хӕдзар саразыны бар.