Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 14:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Давид ма Йерусалимы дӕр устытӕ скодта, ӕмӕ ма йын уыдонӕй дӕр рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 14:3
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид Хевронӕй куы ӕрбацыди, уӕд ма Йерусалимы дӕр номылустытӕ ӕмӕ устытӕ скодта, ӕмӕ ма йын уыдонӕй дӕр рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.


Уыди йын авдсӕдӕ усы, уӕздан мыггӕгтӕй, стӕй ӕртӕсӕдӕ номылусы, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ Хуыцаумӕ ӕруазал кодтой.


Давид бамбӕрста, Израилӕн ӕй паддзахӕй Дунедарӕг кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ паддзахад Израилы, Йӕ адӕмы, сӕраппонд кӕй скадджын кодта.


Мӕнӕ, Йерусалимы йын чи райгуырд, уыдоны нӕмттӕ: Шаммуа, Шовав, Натан, Соломон,


Бирӕ фырттӕ мын радта Дунедарӕг, ӕмӕ ӕппӕт уыдонӕй равзӕрста мӕ фырт Соломоны, цӕмӕй Дунедарӕджы паддзахы бадӕны ӕрбада Израилы сӕргъы.


Дӕ цард цыбыр у, ӕмӕ дӕ уарзон усимӕ амондджынӕй цӕр; бонтӕ тагъд фӕуынц, алы боныл дӕр цин кӕн — ацы дунейы уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ куысты хӕрзиуӕг.


Сымах зӕгъут: «Цӕй тыххӕй?» Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, ӕвзонгӕй дын чи уыд, дӕ уыцы ус ӕмӕ де ’хсӕн ӕвдисӕн ныллӕууыд, ды та йыл рацыдтӕ гадзрахатӕй, афтӕмӕй уый дӕ цардӕмбал у, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — де ’мкъай.


Йесо сын дзуапп радта: «Хивӕнд кӕй стут, уый тыххӕй уын радта Моисей уӕ устыты уадзыны бар. Фыццаг та афтӕ нӕ уыди.


Ӕгӕр бирӕ устытӕ дӕр ма скӕнӕд йӕхицӕн, науӕд сӕнӕуаг уыдзӕн. Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины фӕдыл дӕр ма ацӕуӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ