Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 14:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ӕмӕ айхъуысти Давиды ном ӕппӕт бӕстӕтыл, Дунедарӕджы фӕндонӕй дзы стъӕлфын байдыдтой ӕппӕт адӕмтӕ иууылдӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 14:17
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид сӕххӕст кодта Хуыцауы фӕдзӕхст ӕмӕ филистимӕгты дӕрӕн кодта Гивонӕй суанг Гезеры онг.


Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз уыдтӕн демӕ ӕмӕ дын де знӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, ацы зӕххыл кадджындӕр цы нӕмттӕ ис, уыдонӕй иу уыдзӕни.


Аммонӕгтӕ Озиайӕн фыстой хъалон, ӕмӕ йӕ номы кой айхъуысти суанг Мысыры арӕнтӕм, уымӕн ӕмӕ тынг хъомысджын сси.


Ничи фӕлӕудзӕн уӕ ныхмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ; тас ӕфтаудзӕн, кӕдӕм бацӕуат, уыцы бӕстӕтӕй алкӕуыл дӕр, ӕмӕ ӕмризӕджы риздзысты уӕ разы.


Тӕккӕ абонӕй фӕстӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдоныл Ӕз тас ӕфтаудзынӕн, ӕмӕ уын ӕрмӕст уӕ койӕ дӕр ӕмризӕджы риздзысты“.


Уыдон дзуапп радтой Йешуайӕн: «Дӕ цагъартӕ фехъуыстой, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ минӕвар Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста ацы зӕхх иууылдӕр сымахӕн раттын ӕмӕ йын йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъдын. Куы нӕ амарат, уымӕй тынг тарстыстӕм, ӕмӕ уымӕн афтӕ бакодтам.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ