Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 14:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Давид сӕххӕст кодта Хуыцауы фӕдзӕхст ӕмӕ филистимӕгты дӕрӕн кодта Гивонӕй суанг Гезеры онг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 14:16
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ной ӕппӕт дӕр бакодта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Давид сӕххӕст кодта Дунедарӕджы фӕдзӕхст ӕмӕ филистимӕгты дӕрӕн кодта Гевӕйӕ суанг Гезеры онг.


Ӕмӕ дӕм, цыма, тута бӕлӕсты цъуппытӕй къахуынӕр хъуысы, афтӕ куы фӕкӕса, уӕд-иу райдай хӕцын — уый Хуыцау рацыди дӕ разӕй филистимӕгты ӕфсад цӕгъдынмӕ».


Ӕмӕ айхъуысти Давиды ном ӕппӕт бӕстӕтыл, Дунедарӕджы фӕндонӕй дзы стъӕлфын байдыдтой ӕппӕт адӕмтӕ иууылдӕр.


Фӕстӕдӕр ма Гезеры дӕр филистимӕгтимӕ ногӕй схӕцыдысты. Хушайаг Сибехай амардта Сиппайы, рефаимты байзӕддӕгтӕй иуы, ӕмӕ филистимӕгтӕ саст ӕрцыдысты.


ӕрхауди мӕнӕ ацы ӕмбӕхсӕн сахартӕ дӕр: Шехем йӕ хизӕнуӕттимӕ Ефремы хӕхбӕсты, стӕй Гезер йӕ хизӕнуӕттимӕ;


Дунедарӕг уыл Йӕ бӕллӕх ӕруадздзӕн, кӕддӕр Перацимы хохыл кӕнӕ Гивоны уӕлвӕзыл Йӕ адӕмы знӕгтӕн куыд бакодта, афтӕ, цӕмӕй ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ сараза.


Кӕд уый зонут, уӕд тӕхудиаг уыдзыстут, сымах дӕр афтӕ куы кӕнат, уӕд.


Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.


Уӕд Йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Цы уын зӕгъа, уый-иу бакӕнут».


Фӕлӕ Ефремы байзӕддӕгтӕ ханаанӕгты Гезерӕй нӕ фӕсырдтой, ӕмӕ абон дӕр се ’хсӕн цӕрынц, ӕрмӕст цагъайрӕгтӕ систы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ