Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 14:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕмӕ дӕм, цыма, тута бӕлӕсты цъуппытӕй къахуынӕр хъуысы, афтӕ куы фӕкӕса, уӕд-иу райдай хӕцын — уый Хуыцау рацыди дӕ разӕй филистимӕгты ӕфсад цӕгъдынмӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 14:15
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид дӕр та Дунедарӕджы бафарста, ӕмӕ йын Уый дзуапп радта: «Сӕ ныхмӕ ма ссу, фӕлӕ сӕ иувӕрсты ӕрзил ӕмӕ тута бӕлӕсты къохы ’рдыгӕй сӕ чъылдыммӕ баздӕх.


Ӕз дзы ахӕм мон бауадздзынӕн, ӕмӕ, куыддӕр уац фехъуса, афтӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕни йӕ бӕстӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕхи зӕххыл карды амӕттаг бакӕндзынӕн».


Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».


Давид та Хуыцауы бафарста, ӕмӕ йын Уый дзуапп радта: «Сӕ ныхмӕ ма ссу, фӕлӕ сӕ иувӕрсты ӕрзил ӕмӕ тута бӕлӕсты къохы ’рдыгӕй сӕ чъылдыммӕ баздӕх.


Давид сӕххӕст кодта Хуыцауы фӕдзӕхст ӕмӕ филистимӕгты дӕрӕн кодта Гивонӕй суанг Гезеры онг.


Хӕхты тыхджын уынӕр хъуысы, цыма ӕнӕнымӕц дзыллӕйы хъӕлӕба у, уыйау. Абухынц паддзахӕдтӕ, ӕмбырдтӕ кӕнынц адӕмтӕ. Уый Уӕларвӕфсады Бардарӕг фӕсидти хӕстифтонг ӕфсадмӕ.


Чи ма уӕ аирвӕза, уыдонӕн знаджы зӕххытыл сӕ зӕрдӕты ахӕм тас бауадздзынӕн, ӕмӕ-иу сыфтӕры сыбар-сыбурӕй дӕр лидзӕг фӕуыдзысты, раст сӕм цыма кардӕй ӕвзидынц, уыйау. Фӕсте сӕ ничи сурдзӕн, афтӕмӕй ахаудзысты зӕххыл.


Ӕвиппайды цыма уаддымгӕ сыстад, ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст уӕлӕрвтӕй, ӕмӕ, кӕм бадтысты, уыцы хӕдзар ӕгасӕй дӕр уынӕрӕй байдзаг.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хӕстмӕ уемӕ цӕуы, цӕмӕй уе знагыл фӕуӕлахиз уат“.


Деворӕ Баракӕн загъта: «Цӕугӕ! Абон дын Дунедарӕг Сисерайы дӕ къухмӕ ратдзӕни. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг цӕудзӕн дӕ разӕй!» Барак дӕс мин хӕстонимӕ Фаворы хохы сӕрӕй ӕрцыди.


Гедеон, фын цы амоны, уый куы фехъуыста, уӕд йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Дунедарӕгӕн арфӕ ракодта. Уый фӕстӕ израилӕгты рӕсӕнуатмӕ раздӕхт ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Сыстут! Дунедарӕг уын мидианӕгты рӕсӕнуат уӕ къухмӕ радта!»


Ӕхсӕвы Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Ныццу дӕлӕмӕ ӕмӕ мидианӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырс. Ӕз демӕ дӕн, фӕуӕлахиз сыл уыдзынӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ