12 Филистимӕгтӕн сӕ хуыцӕуттӕ уым дзӕгъӕлӕй баззадысты, ӕмӕ сӕ Давид арты басудзын кодта.
Филистимӕгтӕн сӕ гуымирытӕ уым дзӕгъӕлӕй баззадысты, ӕмӕ сӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм семӕ рахастой.
Баалы кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рахастой гуымирыты ӕмӕ сӕ басыгътой.
басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон уыдысты хуыцӕуттӕ нӕ, фӕлӕ адӕймаджы къухӕй конд хъӕдтӕ ӕмӕ дуртӕ, ӕмӕ сӕ уымӕн бабын кодтой.
Давид ссыди Баал-Перациммӕ ӕмӕ сӕ уым ныддӕрӕн кодта. Загъта: «Дон йӕ ауӕзт куыд атоны, афтӕ мын мӕ къухӕй ме знӕгты ӕнгом рӕнхъытӕ батыдта Хуыцау». Уымӕ гӕсгӕ ацы бынат схуыдтой Баал-Перацим.
Филистимӕгтӕ та ногӕй Рефаимы дӕлвӕзмӕ бабырстой.
Уыцы ӕхсӕв Ӕз Мысыры астӕуты ацӕудзынӕн ӕмӕ йын фӕмард кӕндзынӕн йӕ хистӕр фыртты дӕр ӕмӕ йӕ фосы сӕртӕ дӕр. Уый уыдзӕн Мӕ тӕрхон Мысыры ӕппӕт хуыцӕуттӕн. Ӕз — Дунедарӕг!
Джиппыуагъд уӕныджы арты басыгъта, йӕ сыгъдон ын лыстӕг ныммур кодта ӕмӕ йӕ доны ныккалдта, стӕй уыцы дон израилӕгтӕн бануазын кодта.
Арты хай сын бакӕнут сӕ гуымирыты, фӕлӕ сыл цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ис, уыдонмӕ ма бабӕллут ӕмӕ сӕ уӕхицӕн ма райсут: цъысымы бахаудзыстут, уымӕн ӕмӕ уый ӕлгъаг у Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.
Фӕлтау сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕнут, сӕ табуйаг дуртӕ сын ныссӕттут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалут, сӕ гуымирыты сын арты хай бакӕнут.