10 Давид Хуыцауы бафарста: «Филистимӕгты ныхмӕ цӕуон ӕви нӕ? Мӕ къухмӕ сӕ ратдзынӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Цу, ратдзынӕн сӕ дӕ къухмӕ».
Уый фӕстӕ Давид фарста Дунедарӕджы: «Цы кӕнон? Иудӕйы сахартӕй искӕцымӕ ацӕуон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу». Давид бафарста: «Кӕдӕм ацӕуон?» Уый йын загъта: «Хевронмӕ».
Давид Дунедарӕджы бафарста: «Филистимӕгты ныхмӕ цӕуон ӕви нӕ? Мӕ къухмӕ сӕ ратдзынӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Цу, ратдзынӕн сӕ дӕ къухмӕ ӕнӕмӕнг».
Давид дӕр та Дунедарӕджы бафарста, ӕмӕ йын Уый дзуапп радта: «Сӕ ныхмӕ ма ссу, фӕлӕ сӕ иувӕрсты ӕрзил ӕмӕ тута бӕлӕсты къохы ’рдыгӕй сӕ чъылдыммӕ баздӕх.
Израилы паддзах фӕсидти пехуымпартӕм, иу-цыппарсӕдӕ лӕгмӕ, ӕмӕ сӕ бафарста: «Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕцон ӕви нӕ?» «Схӕц, — дзуапп ын радтой уыдон, — Дунедарӕг дын ӕй дӕ къухтӕм ратдзӕн».
ӕмӕ нӕхимӕ рахӕссӕм нӕ Хуыцауы Фидыды Чырын, уымӕн ӕмӕ йыл Саулы заман нӕ сагъӕс кодтам».
Давид ссыди Баал-Перациммӕ ӕмӕ сӕ уым ныддӕрӕн кодта. Загъта: «Дон йӕ ауӕзт куыд атоны, афтӕ мын мӕ къухӕй ме знӕгты ӕнгом рӕнхъытӕ батыдта Хуыцау». Уымӕ гӕсгӕ ацы бынат схуыдтой Баал-Перацим.
Давид та Хуыцауы бафарста, ӕмӕ йын Уый дзуапп радта: «Сӕ ныхмӕ ма ссу, фӕлӕ сӕ иувӕрсты ӕрзил ӕмӕ тута бӕлӕсты къохы ’рдыгӕй сӕ чъылдыммӕ баздӕх.
Уалынмӕ филистимӕгтӕ ӕрбабырстой Рефаимы дӕлвӕзмӕ.
Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.
ӕмӕ Давид Дунедарӕджы бафарста: «Уыцы абырджыты фӕсте асурон? Баййафдзынӕн сӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Асур сӕ! Ӕнӕмӕнг сӕ баййафдзынӕ ӕмӕ дӕ адӕмы суӕгъд кӕндзынӕ».