7 Хуыцауы Фидыды Чырын ног уӕрдоны раластой Авинадавы хӕдзарӕй. Уӕрдон Узза ӕмӕ Ахйойы бар бакодтой.
Хуыцауы Фидыды Чырын сӕвӕрдтой ног уӕрдоныл ӕмӕ йӕ раластой Авинадавы хӕдзарӕй, уӕлкъуыбырӕй. Уӕрдон бакодтой Авинадавы фырттӕ Узза ӕмӕ Ахйойы бар. Фидыды Чырынӕн йӕ разӕй цыди Ахйо.
Амӕй размӕ Фидыды Чырын хӕсджытӕ сымахӕй кӕй нӕ уыдысты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕнувыд ыл кӕй нӕ уыдыстӕм, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау».
Стӕй Давид загъта: «Ӕрмӕстдӕр левиттӕн ис Хуыцауы Фидыды Чырын хӕссыны бар, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдоны равзӕрста Фидыды Чырын хӕссынӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн мыггагмӕ лӕггад кӕнынӕн».
Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.
Ӕрцӕттӕ кӕнут ног уӕрдон ӕмӕ, ӕфсондз чи нӕма федта, ахӕм дыууӕ дуцгӕ хъуджы, уӕрдоны сӕ баифтындзут, сӕ родты та сын скъӕты бакӕнут.