Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 13:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Афтӕмӕй, Кирйат-Иаримӕй Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахӕссыны охыл Давид ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт израилӕгты дӕр — Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй райдайгӕйӕ Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, бахизӕны онг чидӕриддӕр царди, уыдоны.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 13:5
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид та ногӕй ӕрӕмбырд кодта Израилы ӕвзаргӕ лӕгты, дӕс ӕмӕ ссӕдз мины бӕрц,


Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг паддзахӕдтӕ иууылдӕр уыдысты Соломоны дӕлбар. Фыстой йын хъалон, лӕггад ын кодтой цард-цӕрӕнбонты.


Соломон Дунедарӕджы раз куывд скодта. Ӕгас Израил, Лево-Хаматӕй суанг Мысыры арӕны раз цы цӕугӕдон калд, уый онг чи царди, уыдон иууылдӕр — тынг бирӕ дзыллӕ — ӕрӕмбырд сты уыцы куывдмӕ ӕмӕ фӕминас кодтой иннабонӕй иннабонмӕ.


Вавилоны паддзах сӕ уым, Хаматы зӕххыл, Ривлайы сахары амарын кодта. Афтӕмӕй иудейӕгтӕ тард ӕрцыдысты сӕ бӕстӕйӕ.


Ӕмбырды адӕм сразы сты Давидимӕ, се ’ппӕтмӕ дӕр раст фӕкаст йӕ фӕндон.


Давид ӕппӕт израилӕгтимӕ ацыд иудейаг сахар Бааламӕ (ома Кирйат-Иариммӕ), цӕмӕй уырдыгӕй ӕрбахӕссой Хуыцауы Фидыды Чырын, херувимтыл Ӕнцайӕг Дунедарӕджы ном хӕссӕг Чырын.


Давид ӕппӕт Израилы адӕммӕ дӕр фӕсидт Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахӕссой, цы бынат ын равзӕрста, уырдӕм.


Денджызы стыр доны сӕрты ардӕм цыдис алцы, — Шихоры хор, Йеоры тыллӕг!


Цӕмӕн цӕуыс ныр Мысырмӕ, Нилы донӕй нуазынмӕ? Цӕмӕн лидзыс Ассиримӕ, Евфраты донӕй нуазынмӕ?


Уӕд израилӕгтӕ абалц кодтой ӕмӕ сын ӕртыккаг бон сӕ сахартӕм бахӕццӕ сты. Сӕ сахартӕ та уыдысты Гивон, Кефира, Беерот ӕмӕ Кирйат-Иарим.


Минӕвӕрттӕ арвыстой Кирйат-Иаримы цӕрджытӕм, цӕмӕй сын зӕгъой: «Филистимӕгтӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын фӕстӕмӕ раздӕхтой. Рацӕут ӕмӕ йӕ уӕхимӕ ахӕссут».


Кирйат-Иаримы цӕрджытӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын сӕхимӕ ахастой. Уым ӕй къуылдымыл цӕрӕг Авинадавы хӕдзармӕ схастой, ӕмӕ йын Авинадавы фырт Елеазары хъахъхъӕнӕг сӕвӕрдтой.


Фидыды Чырын Кирйат-Иаримы куы баззади, уӕдӕй рацыди ссӕдз азы. Израилы адӕм иууылдӕр, кӕугӕйӕ, Дунедарӕгмӕ се ’ргом аздӕхтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ