14 Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзары фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты йӕ хӕдзаронтӕ дӕр ӕмӕ йе ’ппӕт исбон дӕр.
Лаван ын афтӕ: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд дӕ курын, ӕмӕ баззай! Дӕсныфӕрсгӕйӕ мын раргом ис, Дунедарӕг мӕнӕн дӕу тыххӕй кӕй раарфӕ кодта, уый».
Давиды нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахармӕ аласын ӕмӕ йӕ гатаг Овед-Едомы хӕдзармӕ арвыста.
стӕй Овед-Едомы ӕмӕ йе ’рвад-ӕфсымӕрты, аст ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Йедутуны фырт Овед-Едомы ӕмӕ Хосайы та скодта дуаргӕстӕ.
Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны, ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы.