11 Давидӕн стыр маст уыди, Дунедарӕг Уззайы кӕй ӕрцавта, уый, ӕмӕ уыцы бынат Перец-Узза рахуыдта. Абон дӕр ӕй афтӕ хонынц.
Хъӕбысӕйхӕцӕг Йаковӕн йӕ сины хӕцъӕфмӕ кӕй февнӕлдта, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ суанг абонмӕ дӕр сины хӕцъӕф нӕ хӕрынц.
Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ тӕккӕ уыцы ран ӕрцавта; Узза мардӕй ӕрхауди Хуыцауы Фидыды Чырыны раз.
Уыцы бон Давид тынг фӕтарсти Дунедарӕгӕй ӕмӕ загъта: «Цы ныфсӕй ма бахӕссон Хуыцауы Фидыды Чырын мӕхимӕ?»
Фидыды Чырынмӕ къухӕй кӕй февнӕлдта, уый тыххӕй Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ ӕрцавта. Узза уыцы ран, Хуыцауы раз, мардӕй ӕрхауди.
Уыцы бон Давид тынг фӕтарсти Хуыцауӕй ӕмӕ загъта: «Цы ныфсӕй ма бахӕссон Хуыцауы Фидыды Чырын мӕхимӕ?»
Амӕй размӕ Фидыды Чырын хӕсджытӕ сымахӕй кӕй нӕ уыдысты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕнувыд ыл кӕй нӕ уыдыстӕм, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау».
Сауджынтӕ цӕуинаг куы уой Дунедарӕгмӕ, уӕд-иу уыдон та сӕхи ссыгъдӕг кӕнӕнт, науӕд сӕ Дунедарӕг бабын кӕндзӕни».
Дунедарӕг ын загъта: «Ау, уый дын уый бӕрц хъыг фӕцис?»
Ӕмӕ Хуыцау Ионӕйӕн загъта: «Ау, зайӕгойы тыххӕй афтӕ маст кӕныс?» «Тынг, амӕлыны онг», — загъта уый.
Дӕлвӕзы йӕ бавӕрдтой, Моавы, Бет-Пеоры бакомкоммӕ, фӕлӕ кӕм, уый абон дӕр бӕлвырд ничи зоны.
Йешуа ӕндӕр дыууадӕс дуры ӕрӕвӕрдта Иорданы бӕстастӕу, Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕ кӕм лӕууыдысты, уым. Дуртӕ абон дӕр ма уыцы ран лӕууынц.