9 Сӕ хистӕр — Езер, дыккаг — Овади, ӕртыккаг — Елиав,
Гадмӕ абырджыты бардз лӕбурдзӕни, фӕлӕ сӕ уый зӕйау йӕ разӕй ахӕсдзӕн.
Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел.
цыппӕрӕм — Мишманна, фӕндзӕм — Йеремиа,
Гады хӕдзарвӕндагӕй Давидимӕ ӕдзӕрӕг быдыры фидары баиу сты ӕхсарджын, тохвӕлтӕрд хӕстонтӕ, арц ӕмӕ уартӕй ифтонг, домбӕйттау — сӕ бакаст, сычъитау хӕхтыл уадысты цӕрдӕг.
Гады тыххӕй загъта: „Арфӕгонд у Гад, йӕ къабӕзтӕ фӕйнӕрдӕм чи айтыгъта! Уый домбайау йӕ амӕттаджы мӕкъуыстӕг рарӕдувы, йӕ тыл ын ныппары.