Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 12:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Иннӕ рӕттӕй дӕр — хӕстӕг рӕттӕй райдай ӕмӕ Иссахары, Зевулоны ӕмӕ Неффалимы зӕххытӕй фӕу — хӕрджытыл, теуатыл, хӕргӕфсытыл ӕмӕ галтыл ластой хойраг: ссад, легъуийы цъӕрттӕ, чисмисы цъӕрттӕ, сӕн ӕмӕ сой, тардтой бирӕ стурвос ӕмӕ лыстӕг фос, уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмыл цин ӕрцыд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 12:40
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид хохы сӕрӕй иу чысыл ӕруад, афтӕ ӕдуаргъ дыууӕ хӕрӕгимӕ йӕ размӕ фӕци Мефивошеты фӕсдзӕуин Цива. Хӕрджыты уаргъ — дыууӕсӕдӕ дзулы, чисмисы сӕдӕ халы, легъуиты сӕдӕ халы ӕмӕ сӕны лалым.


Ӕмӕ адӕм иууылдӕр Соломоны фӕдыл рацыдысты; уадындзтӕй цагътой, сӕ цины хъӕртӕ афтӕ тынг азӕлыдысты, ӕмӕ-иу зӕхх сӕнкъуысти.


Афтӕмӕй Иудейы адӕм бӕрӕгбоны цинтӕ кодтой. Сахармӕ ӕрцыд удӕнцойы заман. Ныр Аталийы та паддзахы галуаны амардтой кардӕй.


Уым Давидмӕ фесты ӕртӕ боны. Хӕрд ӕмӕ нозтхъуаг нӕ баййӕфтой, уымӕн ӕмӕ сын се ’рвадӕлтӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой.


Давид уынаффӕ кодта миныхицӕуттимӕ, сӕдӕйыхицӕуттимӕ ӕмӕ ӕппӕт иннӕ раздзӕуджытимӕ.


Уыцы бон тынг зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Дунедарӕджы раз. Дыккаг хатт паддзахӕй расидтысты Давиды фырт Соломоны; байсӕрстой йӕ, цӕмӕй ӕлдариуӕг кӕна Дунедарӕджы номыл, Цадокы та байсӕрстой сауджынӕй.


Рӕстуд ӕнтыстджын куы вӕййы, уӕд сахар цин фӕкӕны; ӕнӕхуыцӕуттӕн се сӕфт куы ’рцӕуы, уӕд цины хъӕртӕ райхъуысынц.


Рӕстудтӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд адӕм цин фӕкӕнынц, ӕнӕхуыцау хицауы бынат куы бацахсы, уӕд та хъӕрзгӕ кӕнынц.


Дунедарӕг мын загъта: «Цу ӕмӕ бауарз, лӕгимӕ цӕргӕйӕ ма ӕндӕр лӕгтӕм дӕр йӕ хъус чи дары, ахӕм сылгоймаджы, раст мӕнӕ, Дунедарӕг израилӕгты куыд уарзы, фӕлӕ ма уыдон уӕддӕр ӕндӕр хуыцӕуттӕм сӕ хъус куыд дарынц ӕмӕ сын сӕ чисмисджын гуылтӕ куыд уарзынц, уыйау».


Уӕд Авигеа ӕвӕстиатӕй райста дыууӕсӕдӕ дзулы, дыууӕ лалымы сӕн, фондз кусартгонд фысы, цӕкуыты фондз мӕрты, чисмисы сӕдӕ ӕмӕ легъуийы дыууӕсӕдӕ халы ӕмӕ сӕ хӕрджытыл ӕргъомбӕстытӕй сӕвӕрын кодта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ