Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 12:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Уым Давидмӕ фесты ӕртӕ боны. Хӕрд ӕмӕ нозтхъуаг нӕ баййӕфтой, уымӕн ӕмӕ сын се ’рвадӕлтӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 12:39
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ сын Исаак куывд скодта, ӕмӕ фӕминас кодтой.


Стӕй Йаков уым, хохы сӕрыл, нывонд ӕрхаста ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕм фӕдзырдта. Фӕминас кодтой ӕмӕ уыцы ӕхсӕв уым баззадысты.


Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Иудейӕгтӕ сын дзуапп радтой: «Уымӕн ӕмӕ паддзах махӕн хиондӕр у. Уӕвгӕ ууыл та цы маст кӕнут? Паддзахы хардзӕй минас, мыййаг, фӕкодтам, ӕви нын паддзах исты лӕвӕрттӕ ракодта?»


ӕмӕ стӕй ӕппӕт адӕмӕн, чи ӕрбамбырд ис, уыцы израилӕгтӕн, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, фӕйнӕ дзулы, финикты ӕмӕ чисмисты фӕйнӕ гуылы байуӕрста. Уый фӕстӕ адӕмӕй алчи йӕ хӕдзармӕ ацыд.


Мӕнӕ, Давид Дунедарӕджы фӕндонӕй Израилы паддзах цӕмӕй суа, уый тыххӕй Израилы адӕмимӕ йӕ фарс чи рахӕцыд, йӕ уыцы ӕхсарджынты хистӕртӕ.


Ацы ӕфсӕддонтӕ се ’ппӕт дӕр хӕстифтонгӕй ӕрцыдысты Хевронмӕ, Давиды ӕппӕт Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрыны фӕндимӕ. Уымӕ ӕмзӕрдӕйӕ бӕллыдысты иннӕ изрӕилӕгтӕ дӕр.


Иннӕ рӕттӕй дӕр — хӕстӕг рӕттӕй райдай ӕмӕ Иссахары, Зевулоны ӕмӕ Неффалимы зӕххытӕй фӕу — хӕрджытыл, теуатыл, хӕргӕфсытыл ӕмӕ галтыл ластой хойраг: ссад, легъуийы цъӕрттӕ, чисмисы цъӕрттӕ, сӕн ӕмӕ сой, тардтой бирӕ стурвос ӕмӕ лыстӕг фос, уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмыл цин ӕрцыд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ