Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 12:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Иссахары хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди дыууӕсӕдӕ хистӕры. Уыдон зыдтой, Израилы адӕмы кӕд цы кӕнын хъуыди, уыдӕттӕ. Семӕ-иу сразы сты се ’ппӕт ӕрвадӕлтӕ дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 12:32
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иссахар — фидарстӕг хӕрӕг, хуыссы йӕ хордзенты астӕу.


Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй ӕрцыди ӕстдӕс мины. Уыдонӕн фӕдзӕхст уыди, цӕмӕй Давидмӕ ацӕуой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой.


Уыцы мыггӕгтӕм сӕ номхыгъдмӕ гӕсгӕ уыд ӕртын ӕхсӕз мин хӕстоны, уымӕн ӕмӕ Узийайы байзӕддагӕн бирӕ устытӕ ӕмӕ фырттӕ уыди.


Йӕ уынаффӕ кӕддӕриддӕр, бирӕ чи федта, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ чи зоны, уыцы куырыхон лӕгтимӕ уыди, ӕмӕ та сӕм паддзах ныр дӕр фӕсидти.


Зондджынӕн йӕ куырыхон зонд, йӕ фӕндаг кӕй ӕмбары, уый мидӕг ис, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ мӕнг хъуыдыты.


Куырыхон — тыхджын, бирӕзонаг — хъомысджын.


Куырыхон йӕ зонды фӕрцы сахары дӕс хицауӕй тыхджындӕр у.


Куырыхондзинад цыфӕнды хӕцӕнгарзӕй дӕр хуыздӕр у, фӕлӕ иу лӕджы рӕдыд бирӕ хӕрзтӕ фесафы.


Уый уыдзӕни уӕ царды фидар бындур, фӕрныгӕй уын ратдзӕн ирвӕзындзинад, уӕлзонд ӕмӕ зонынад, Хуыцауы тас уе стырдӕр хӕзна суыдзӕн.


Дунедарӕджы хъӕлӕс сиды сахармӕ (куырыхон зонды нысан — тас Дӕ номы раз): хъусут лӕдзӕгмӕ, стӕй, Чи йӕ сӕвӕрдта, Уымӕ.


Райсомӕй та фӕзӕгъут: „Абон къӕвда уыдзӕн — арв сырх-сырхид ӕмӕ хъуынтъыз у“. Арвмӕ кӕсгӕйӕ, боныхъӕд иртасын куы зонут, уӕд ацы рӕстӕджы цаутӕ раиртасын уӕ бон нӕу?


Ӕнӕмбаргӕ ма ут, фӕлӕ базонут, Бардарӕгӕн фӕндон цы у, уый.


Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ