31 Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй ӕрцыди ӕстдӕс мины. Уыдонӕн фӕдзӕхст уыди, цӕмӕй Давидмӕ ацӕуой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой.
Ефремы хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди ссӕдз мин астсӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны, сӕ мыггӕгты номдзыд лӕгтӕ.
Иссахары хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди дыууӕсӕдӕ хистӕры. Уыдон зыдтой, Израилы адӕмы кӕд цы кӕнын хъуыди, уыдӕттӕ. Семӕ-иу сразы сты се ’ппӕт ӕрвадӕлтӕ дӕр.
Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.