30 Ефремы хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди ссӕдз мин астсӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны, сӕ мыггӕгты номдзыд лӕгтӕ.
Уыцы заман ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр зӕххыл цардысты уӕйыгӕнгӕс адӕм, Хуыцауы фырттӕн-иу зӕххон чызджытӕй чи райгуырди, уыдон. Незаманты цы хъуыддӕгтӕй фесгуыхтысты, уыдонӕй хъуыстгонд сты ныр дӕр ма.
Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты ӕрбакодта Маханаиммӕ
ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрдта ӕппӕт Израилӕн — Галаад, Ашур, Изреел, Ефрем ӕмӕ Бениаминӕн.
Афтӕ загъта Авнер Бениамины байзӕддӕгтӕн дӕр. Уый фӕстӕ араст ис Хевронмӕ, Израил ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы фӕндон Давидӕн радзурынмӕ.
Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, Саулы ӕрвадӕлтӕй, ӕрцыд ӕртӕ мины. Уӕды онг адонӕн сӕ фылдӕр Саулы хӕдзары фарсхӕцджытӕ уыдысты.
Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй ӕрцыди ӕстдӕс мины. Уыдонӕн фӕдзӕхст уыди, цӕмӕй Давидмӕ ацӕуой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой.