25 Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — авд мин сӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны.
Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты.
Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.
Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй йӕм уарт ӕмӕ арцифтонгӕй ӕрцыд ӕхсӕз мин астсӕдӕ хӕстоны.
Левийы хӕдзарвӕндагӕй — цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы.
ноджы ма Бакбакар, Хереш, Галал ӕмӕ Маттаниа, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Миха, Зихри, Асаф,
ноджы ма Овади, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Шемайа, Галал, Йедутун, стӕй нетофӕгты хъӕуты цӕрӕг Варахи, Елканайы байзӕддаг Асайы фырт.