24 Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй йӕм уарт ӕмӕ арцифтонгӕй ӕрцыд ӕхсӕз мин астсӕдӕ хӕстоны.
Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.
Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ иууылдӕр ӕрцыдысты Давидмӕ Хевронмӕ ӕмӕ йын загътой: «Дӕ туг, де стӕг стӕм мах.
Израилы адӕм иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Давидмӕ Хевроны ӕмӕ йын загътой: «Дӕ туг, де стӕг стӕм мах.
Мӕнӕ, Давид Дунедарӕджы фӕндонӕй Израилы паддзах цӕмӕй суа, уый тыххӕй Израилы адӕмимӕ йӕ фарс чи рахӕцыд, йӕ уыцы ӕхсарджынты хистӕртӕ.
Мӕнӕ, Давидмӕ Хевроны сахармӕ цы хӕстифтонг къордтӕ ӕрцыд, уыдоны хыгъд. Ӕрцыдысты йӕм, цӕмӕй йӕ Саулы бӕсты сӕвӕрой паддзахӕй, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — авд мин сӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны.