Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 12:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Давид Циклагмӕ куы здӕхт, уӕд Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй йемӕ баиу сты Аднах, Йозавад, Йедиаел, Михаел, Йозавад, Елигу ӕмӕ Циллетай — Менассиайы хӕдзарвӕндаджы миныхицӕуттӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 12:20
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй дӕр Давидимӕ баиу ис иу къорд, уый филистимӕгтимӕ Саулы ныхмӕ схӕцынмӕ куы цыди, уӕд. Ӕцӕг сын нӕ баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ филистимаг ӕлдӕрттӕ ауынаффӕ кодтой ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ раздӕхтой. Загътой: «Йӕ хицау Саулы фарс фӕуыдзӕн ӕмӕ нӕ ныхмӕ рацӕудзӕн».


Уыдон Давиды фарс хӕцыдысты абырджыты ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ. Фӕстӕдӕр систы ӕфсады хицӕуттӕ.


Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.


Ӕз басидтӕн мыггӕгты хистӕртӕм, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕм, ӕмӕ уын сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдтон: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдзӕн, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕн, кӕй — дӕсӕн, кӕй та цӕстдарӕг скодтон.


Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.


Райсомӕй раджы Давид ӕмӕ йӕ адӕм аздӕхтысты филистимӕгты бӕстӕм. Филистимӕгтӕ та Изреелмӕ ссыдысты хӕцынмӕ.


Филистимаг ӕфсадхонтӕ дзырдтой: «Ацы дзуттӕгтӕ та ам цы архайынц?» Ахиш сын дзуапп радта: «Уый Давид у, израилаг паддзах Саулы цагъар. Ныр мӕм афӕдзӕй фылдӕр цӕры, ӕмӕ йӕм, куы ’рбалыгъд, уӕдӕй абонмӕ гуырысхойагӕй ницы бафиппайдтон».


Филистимӕгтӕ рамӕсты сты Ахишы уыцы ныхӕстӕм ӕмӕ йын загътой: «Арвит фӕстӕмӕ ацы лӕджы. Аздӕхӕд, цы бынат ын снысан кодтай, уырдӕм. Немӕ хӕстмӕ ма цӕуӕд, науӕд хӕсты быдыры нӕ ныхмӕ фӕуыдзӕн. Йӕ хицауы зӕрдӕ цӕмӕй балхӕндзӕни, мӕнӕ йӕ нӕ адӕмы сӕртӕй куынӕ балхӕна, уӕд?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ