Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 12:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй дӕр Давидимӕ баиу ис иу къорд, уый филистимӕгтимӕ Саулы ныхмӕ схӕцынмӕ куы цыди, уӕд. Ӕцӕг сын нӕ баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ филистимаг ӕлдӕрттӕ ауынаффӕ кодтой ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ раздӕхтой. Загътой: «Йӕ хицау Саулы фарс фӕуыдзӕн ӕмӕ нӕ ныхмӕ рацӕудзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 12:19
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Тыхсгӕ ма кӕнут ӕмӕ ма тӕрсут! Айразмӕ мӕм уе ’взист фӕхӕццӕ ис. Уыцы хӕзна та уын, ӕвӕццӕгӕн, уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта уӕ голджыты». Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сӕм Симеоны ракодта


Ӕфсады сӕргъы Авессалом Йоавы бӕсты Амасайы сӕвӕрдта. Амаса уыдис Измаелы байзӕддаг Итрайы фырт, йӕ мад — Нахашы чызг Авигеа, Йоавы мад Церуайы хо.


Давид Циклагмӕ куы здӕхт, уӕд Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй йемӕ баиу сты Аднах, Йозавад, Йедиаел, Михаел, Йозавад, Елигу ӕмӕ Циллетай — Менассиайы хӕдзарвӕндаджы миныхицӕуттӕ.


Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Сионмӕ Мӕ зӕрдӕ ’хсайы, Мӕ зӕрдӕхсайд пиллон артау судзы.


Уӕд Гедеоныл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти. Гедеон сыкъауадындзӕй ныууасыд ӕмӕ Авиезеры фӕдонты хӕстмӕ рамбырд кодта.


Уымӕ гӕсгӕ тӕккӕ райсом сӕумӕйӕ аздӕх, демӕ чи ’рбацыди, уыдонимӕ, дӕ бардарӕджы цагъартимӕ. Куыддӕр срухс уа, афтӕ-иу араст ут».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ