Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 12:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти, фӕстӕдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджыны хистӕр чи сси, уыцы Амасайыл, ӕмӕ уый загъта: «Мах дӕу стӕм, Давид! Мах демӕ стӕм, Йессейы фырт! Фарн дӕм бадзурӕд, фарн бадзурӕд де ’ххуысгӕнджытӕм, — ауды дыл дӕ Хуыцау». Давидӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ сӕ йе ’фсадӕн хицӕуттӕй баурӕдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 12:18
31 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Итай дзуапп радта паддзахӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ард хӕрын мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзахӕй, мӕлӕтӕй царды ’хсӕн кӕмдӕриддӕр уай, уым дӕ цагъар дӕр уыдзӕни демӕ».


Ӕфсады сӕргъы Авессалом Йоавы бӕсты Амасайы сӕвӕрдта. Амаса уыдис Измаелы байзӕддаг Итрайы фырт, йӕ мад — Нахашы чызг Авигеа, Йоавы мад Церуайы хо.


Амасайӕн дӕр зӕгъут: „Ды мӕ туг ӕмӕ ме стӕг нӕ дӕ, ӕви? Хуыцау мын афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд, цӕрӕнбонтӕм мын Йоавы бӕсты ды ӕфсады хицау куынӕ уай, уӕд!“»


Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Дунедарӕг дын загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».


Уыцы хъуыддаджы Израилы адӕмы нӕ тыхсын кодта. Уый нӕ, фӕлӕ сӕ йӕхицӕн скодта хӕстонтӕ, фӕсдзӕуинтӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ, ӕвӕрдта сӕ йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхджынты сӕргъы.


Йегу уырдыгӕй дарддӕр Самарийы ’рдӕм куыд фӕцӕйцыд, афтӕ дын мӕнӕ йӕ ныхмӕ ӕрбацӕуы Рехавы фырт Йонадав. Йегу йын салам радта ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕныл дӕ зӕрдӕ куыд дарыс, афтӕ дын дӕхиуыл дӕр зӕрдӕ дарӕн ис ӕви нӕ?» Йонадав ын загъта: «О». — «Уӕдӕ дӕ къух ӕри!» Ӕмӕ йӕм Йегу уӕрдонӕй йӕ къух ралӕвӕрдта ӕмӕ йӕ сбадын кодта йӕ фарсмӕ.


Паддзахы галуаны уагдар, сахары хицау, хистӕртӕ ӕмӕ паддзахы цоты хъомылгӕнджытӕ Йегумӕ арвыстой сӕ курдиат: «Мах дӕ цагъартӕ стӕм ӕмӕ нын цы зӕгъай, уый бакӕндзыстӕм. Ам паддзахӕй никӕй ӕвзарӕм, ӕмӕ, дӕхи зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕн».


Йегу рудзынгмӕ скасти ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Мӕ чапартӕ, кӕм стут?» Дыууӕ ӕви йӕм ӕртӕ евнухы ракасти рудзынгӕй.


Мӕнӕ Давиды ӕхсарджынтӕ номхуындӕй: Йашовам, Хахмонийы фырт, ӕртын ӕхсарджыны хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй ӕртӕсӕдӕ знаджы ныццагъта.


Давид сӕ размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта: «Кӕд мӕм фарнимӕ ӕрбацыдыстут, баххуыс кӕнынмӕ, уӕд уын мӕнӕ мӕ Хуыцауы къух. Кӕд ӕмӕ мӕ, ӕназым дӕн, афтӕмӕй ме знӕгтӕн банымудзинаг стут, уӕд та нӕ фыдӕлты Хуыцау ӕркӕсӕд ӕмӕ уын тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд!»


Авигеайӕ райгуырд Амаса. Амасайы фыд Йетер уыд Измаелы байзӕддаг.


Йӕ раст тӕрхон у згъӕрхӕдонау, Йӕ ирвӕзын кӕныны хъомыс та — такайау. Фыдгӕнджыты бафхӕрынӕн цы тӕрхон рахаста, уым Йӕхи ӕрбатыхта пӕлӕзау.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: уыцы заман алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ алы адӕмтӕй дӕс адӕймаджы иу иудейаджы фӕччийыл ныххӕцдзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Мах цӕуӕм уемӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый».


Мемӕ чи нӕй, уый Мӕ ныхмӕ у, ӕмӕ Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый сафгӕ кӕны.


Ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон хайджын уӕнт хорзӕх ӕмӕ фарнӕй, ӕмӕ семӕ Хуыцауы ӕппӕт Израил!


Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти Махане-Даны, Цора ӕмӕ Ештаолы ’хсӕн.


Хуыцауы Уд Гофниелыл ӕртыхсти, ӕмӕ уый сси Израилы фӕтӕг. Гофниел хӕстон балцы ацыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг Арамы паддзах Кушан-Ришатаимы йӕ къухмӕ радта.


Уӕд Гедеоныл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти. Гедеон сыкъауадындзӕй ныууасыд ӕмӕ Авиезеры фӕдонты хӕстмӕ рамбырд кодта.


Фӕлӕ Руф загъта: «Ӕвӕндонӕй дӕ цӕмӕн хъуамӕ ныууадзон? Куыд хъуамӕ ацӕуон дӕуӕй? Фӕлтау, ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм фӕцӕудзынӕн; ды кӕм ӕрӕнцайай, ӕз дӕр уым ӕрӕнцайдзынӕн; дӕ адӕм суыдзысты мӕ адӕм, дӕ Хуыцау та — мӕ Хуыцау.


Самуел бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ, уӕд тарстхуызӕй йӕ размӕ рацыдысты сахары хистӕртӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Хорз хабаримӕ сӕмбӕлдтӕ?»


Дзуапп сын радта: «Хорз хабаримӕ. Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ӕрбацыдтӕн. Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ мемӕ нывонд ӕрхӕссынмӕ рацӕут». Йессейы йӕ фырттимӕ ссыгъдӕг кодта Самуел ӕмӕ сӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ фӕсидти.


Саул сын загъта: «Байхъусут-ма, Бениамины байзӕддаг! Йессейы фырт уе ’ппӕтӕн дӕр быдыртӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, мыййаг, ратдзӕн, уе ’ппӕты дӕр миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕ скӕндзӕни?


Мӕ фыды хай! Ӕрбакӕс-ма мӕнӕ мӕ къухы дӕ пӕлӕзы фӕччимӕ. Маргӕ дӕ кӕй нӕ акодтон, фӕлӕ дын ӕрмӕст дӕ фӕччи кӕй ралыг кодтон, уӕд та дӕ уымӕй бауырнӕд, мӕ зӕрдӕйы фыдӕх кӕй нӕй, уый. Дӕ цуры тӕригъӕдджын ницӕмӕй дӕн, ды та мӕн амарыны тыххӕй мӕ фӕдыл зилыс.


Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд не ’хсӕн, ӕмӕ дӕ Дунедарӕг райсӕд мӕ маст. Ӕз дӕм мӕ къух нӕ сисдзынӕн.


Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд не ’хсӕн ӕмӕ нын нӕ хъуыддаг равзарӕд. Мӕ фарс рахӕцӕд, сраст мӕ кӕнӕд ӕмӕ мӕ бахизӕд дӕ къухӕй».


Иуты йе ’фсады минонтӕ ӕмӕ фӕндзайонты хицӕуттӕй сӕвӕрдзӕн, иннӕтӕ йын кӕндзысты хуым ӕмӕ йын ӕфснайдзысты йӕ тыллӕг, аннӕтӕ та йын араздзысты хотыхтӕ ӕмӕ ифтонг кӕндзысты тохуӕрдӕттӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ