8 Давид ын, Миллойӕ райдай ӕмӕ дарддӕр, йӕ алыварс сарӕзта бӕстыхӕйттӕ, Йоав та рацарӕзта сахары иннӕ хай.
Ныр паддзахы ныхмӕ кӕй фӕци, уымӕн та йӕ хъуыддаг уыди афтӕ. Соломон ногӕй аразын райдыдта Миллойы зылд, ӕмпъызта йӕ фыд Давиды сахары быруйы хуынкъ.
Ӕппӕт бӕстыхӕйттӕ саразыны тыххӕй Соломон сфидар кодта бегарайы хӕс, цӕмӕй сараза Дунедарӕджы Кувӕндон, йӕ галуан, ногӕй рацараза Миллойы зылд, Йерусалимы сахары дурамад быру, стӕй сахартӕ Хацор, Мегиддо ӕмӕ Гезер.
Паддзах Иоасы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой Силламӕ фӕндагыл, Миллойы бӕстыхайы.
Давид ӕрцарди фидары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы фидар схуыдтой Давиды сахар.
Давиды хъомыс кодта фылдӕрӕй-фылдӕр — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыди йемӕ.
йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ самариаг ӕфсӕддонты раз: «Цы архайынц ацы ницӕйаг иудейӕгтӕ? Ау, ахӕм бар сын ратдзысты, ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссой? Ау, сӕ куыст искуы кӕронмӕ фӕуыдзысты? Ау, дуртӕ, чи ныртхутӕг, уыцы сыгъд дуртӕ ныхъхъӕбӕр уыдзысты?»
Фӕлӕ кӕд галиу ӕмӕ мӕнгард ми ракодтат, уӕд Авимелех ахӕм арт ссудзын кӕнӕд, Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджыты чи бабын кӕна! Ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ дӕр ахӕм арт ссудзын кӕнӕнт, Авимелехы чи фесафа!
Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджытӕ, табуйаг дуры цур цы тулдз уыдис, уый раз ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Авимелехы сӕхицӕн паддзахӕй расидтысты.