Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 11:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Кавцеелы сахайраг Йеходайы фырт бӕгъатыр Бенайа зындгонд у йӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уый амардта моаваг дыууӕ домбай хӕстоны. Иуахӕмы та, мит уарыд, афтӕмӕй къардиумӕ ныххызти дон схӕссынмӕ, домбайыл дзы бамбӕлдис ӕмӕ йӕ уыцы ран ӕрбамардта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 11:22
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уарзон ӕмӕ цытджын Саул! Уарзон ӕмӕ цытджын Ионатан! Сӕ удӕгасӕй дӕр кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой, ӕмӕ сӕ мӕлӕт дӕр нӕ ахицӕн кодта. Уыдон цӕргӕсӕй цӕрдӕгдӕр уыдысты, уыдон домбайӕ домбайдӕр уыдысты!


Йоав уыди ӕгас Израилы ӕфсады хицау, Йеходайы фырт Бенайа — керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты хицау,


Йеходайы фырт Бенайа разамынд лӕвӕрдта керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕн, Давиды фырттӕ уыдысты сауджынтӕ.


Сауджын Цадок, пехуымпар Натан ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа, стӕй керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕ ацыдысты, Соломоны паддзах Давиды хӕргӕфсыл сбадын кодтой ӕмӕ йӕ акодтой Гихонмӕ.


Ӕрмӕст сауджын Цадок, Йеходайы фырт Бенайа, пехуымпар Натан, Шими, Реи, стӕй Давиды ӕхсарджынтӕ Адониайы фарс нӕ рахӕцыдысты.


Бенайа йӕм Дунедарӕджы цатырмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕм бахъӕр кодта: «Ӕддӕмӕ рацу! Паддзах радта бардзырд!» Йоав загъта: «Нӕ рацӕудзынӕн. Уадз ӕмӕ ам амӕлон». Бенайа фӕстӕмӕ паддзахмӕ аздӕхт ӕмӕ йын фехъусын кодта Йоавы дзуапп.


Се ’ппӕтӕй номдзыддӕр уыд ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдта, фӕлӕ, ӕфсадӕн цы ӕртӕ уӕлдӕр разамонӕджы уыди, уый уыдонмӕ нӕ хаудис.


Ӕхсарджын хӕстон лӕппу Цадок ӕм ӕрцыд йӕ мыггагӕй дыууын дыууӕ хицауимӕ.


Гады хӕдзарвӕндагӕй Давидимӕ ӕдзӕрӕг быдыры фидары баиу сты ӕхсарджын, тохвӕлтӕрд хӕстонтӕ, арц ӕмӕ уартӕй ифтонг, домбӕйттау — сӕ бакаст, сычъитау хӕхтыл уадысты цӕрдӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ