Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 11:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Йоавы ӕфсымӕр Авишай уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады ӕхсӕн уыди стыр кад.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 11:20
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ сӕ ӕртӕ къордыл фӕдих кодта ӕмӕ дзы иу къорд радта Йоавы къухмӕ, иннӕ — Церуайы фырт, Йоавы ӕфсымӕр Авишайы къухмӕ, ӕртыккаг та — гатаг Итайы къухмӕ. Паддзах йӕ адӕмӕн загъта: «Мӕхицӕн дӕр уемӕ ӕнӕ цӕугӕ нӕй».


Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел.


Давид загъта Авишайӕн: «Ныр нын Бихрийы фырт Савей, гӕнӕн ис ӕмӕ Авессаломӕй дӕр фыддӕр фыдбылызтӕ сараза. Гъемӕ дӕ паддзахы хӕстонты демӕ акӕн ӕмӕ йӕ фӕсте асур, цалынмӕ йӕхицӕн фидар сахартӕ не ссардта ӕмӕ нӕ йӕхи нӕ фӕтылиф кодта, уӕдмӕ».


Фӕлӕ Церуайы фырт Авишай Давиды фарсмӕ ӕрбалӕууыди — филистимагыл йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта. Уӕд Давидӕн йӕ адӕм расомы кодтой: «Ды немӕ хӕстмӕ нал ацӕудзынӕ, цӕмӕй Израилы цырагъ ма ахуысса».


Йоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авишай та Авнеры, се ’фсымӕр Асаелы сын кӕй амардта Гивоны хӕсты, уый тыххӕй амардтой.


ӕмӕ загъта: «Уымӕй мӕ бахизӕд Хуыцау! Нӕ бануаздзынӕн! Сӕ удтӕ сӕ армы даргӕйӕ чи ацыд, уыдоны туг куы у ай!» Ӕмӕ дзы нӕ бакуымдта нуазын. Гъе ахӕм лӕгдзинад равдыстой уыцы ӕртӕ хӕстоны.


Се ’ппӕтӕй номдзыддӕр уыд ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдта, фӕлӕ, ӕфсадӕн цы ӕртӕ уӕлдӕр разамонӕджы уыди, уый уыдонмӕ нӕ хаудис.


Уыди сын дыууӕ хойы: Церуа ӕмӕ Авигеа. Церуайӕн уыд ӕртӕ фырты: Авишай, Йоав ӕмӕ Асаел.


Давид загъта хеттаг Ахимелехӕн ӕмӕ Церуайы фырт Авишайӕн, Йоавы ӕфсымӕрӕн: «Мемӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ чи ныццӕудзӕн?» Авишай йын дзуапп радта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ