Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 11:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Ӕмӕ дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 11:2
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Дунедарӕг дын загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».


Израилӕгтимӕ кӕмфӕнды куы хаттӕн, уӕд дӕр, Мӕ адӕмы, Израилы, кӕй бӕрны бакодтон, сӕ уыцы фӕтӕгтӕй кӕд кӕмӕн загътон, кедрӕй хӕдзар Мын цӕуылнӕ саразут, зӕгъгӕ?“


Цу ӕмӕ Йоровамӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: адӕмы ’хсӕнӕй дӕ ракодтон ӕмӕ дӕ скадджын кодтон, Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, дӕу скодтон фӕтӕг.


Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»


Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.


Адӕмты раз Ӕз Мӕ цагъары скодтон Ме ’вдисӕн, адӕмтӕн — фӕтӕг ӕмӕ зондамонӕг.


Мӕхи зӕрдӕмӕ чи цӕуа, ахӕм фыййӕутты уын ратдзынӕн, цӕмӕй уӕ уыдон куырыхонӕй ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ хизой.


Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.


Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.


балцы цӕугӕйӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ дӕр сӕ разӕй чи цӕуа, йӕ фӕдыл кӕнын сӕ йӕ бон кӕмӕн уа ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ дӕр чи ’рбакӕна, цӕмӕй Дунедарӕджы дзыллӕ ӕнӕфыййау дзуджы хуызӕн ма уа».


„Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, сӕ къаддӕр куы нӕ дӕ, мыййаг, Иудӕйы сӕйраг сахартӕн, — дӕуӕй рацӕудзӕн Фӕтӕг, Мӕ адӕмы, Израилы, Фыййау“».


Ӕмӕ Йӕ фысты иууылдӕр ӕддӕмӕ куы ракӕны, уӕд фӕцӕуы сӕ разӕй, уыдон та цӕуынц йӕ фӕдыл, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс зонынц.


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».


Самуел сойы сыкъа райста ӕмӕ Давиды йе ’фсымӕрты раз байсӕрста. Уыйадыл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Давидыл ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уыди йемӕ. Самуел та аздӕхти Рамамӕ.


Ӕмӕ Саул йӕхицӕй адард кодта Давиды. Йе ’фсады йӕ миныхицауӕй сӕвӕрдта, ӕмӕ Давид ӕфсады сӕргъы цыди хӕстон балцыты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ