Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 11:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 ӕмӕ загъта: «Уымӕй мӕ бахизӕд Хуыцау! Нӕ бануаздзынӕн! Сӕ удтӕ сӕ армы даргӕйӕ чи ацыд, уыдоны туг куы у ай!» Ӕмӕ дзы нӕ бакуымдта нуазын. Гъе ахӕм лӕгдзинад равдыстой уыцы ӕртӕ хӕстоны.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 11:19
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фыдызгъӕл хӕрыны бар уын ис, фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕут, уымӕн ӕмӕ туджы ис цард.


ӕмӕ загъта: «Уымӕй мӕ бахизӕд Дунедарӕг! Нӕ бануаздзынӕн! Сӕ удтӕ сӕ армы даргӕйӕ чи ацыд, уыдоны туг куы у ай!» Ӕмӕ дзы нӕ бакуымдта нуазын. Гъе ахӕм лӕгдзинад равдыстой уыцы ӕртӕ хӕстоны.


Фӕлӕ Навот Ахавӕн загъта: «Дунедарӕг мӕ бахизӕд, мӕ фыдӕлтӕй мӕм исбонӕн цы зӕхх ӕрхауд, уый искӕмӕн раттынӕй!»


Ӕртӕ ӕхсарджыны филистимӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырстой, Вифлеемы кулдуары цур цъайӕ дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрхастой. Фӕлӕ дзы йӕ зӕрдӕ нӕ бакуымдта бануазын, Дунедарӕджы кадӕн ӕй акалдта


Йоавы ӕфсымӕр Авишай уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады ӕхсӕн уыди стыр кад.


Мӕ цатыры нӕ дзырдтой адӕм, тӕхуды, йӕ фыдызгъӕлӕй нӕ куы бафсадид, зӕгъгӕ.


Мӕхи цы хордтон алы бон дӕр, ӕрвылрайсом цы катай кодтон?


Израилӕгтӕй кӕнӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕхи туджы хъӕстӕ куы фӕкӕна, уӕд ӕй Ӕз мӕ азары хай бакӕндзынӕн, хъодыгонд ӕй фӕкӕндзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй,


Ӕмӕ сын загъта: «Уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргӕнгӕ у Ног Фидыд, ӕмӕ уый бирӕты сӕрвӕлтау ныккӕлдзӕни.


Уымӕн ӕмӕ Мӕ Буар у ӕцӕг хойраг, Мӕ Туг та — ӕцӕг нозт.


Уыдон мӕн тыххӕй нӕ бавгъау кодтой сӕ цард дӕр, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст ӕз нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ кӕддӕры муртаттӕгты ӕппӕт аргъуантӕ дӕр. Саламтӕ — сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕрӕмбырд вӕййы, уымӕн дӕр.


Ӕмӕ мах дӕр ӕрвылсахат цӕй тыххӕй вӕййӕм тӕссаг уавӕрты?


Мӕлӕты размӕ бырстой Зевулоны фӕдонтӕ, семӕ Неффалим дӕр — быдыры къуыбыртыл!


Мӕ фыд уӕ сӕрыл бирӕ фӕтох кодта. Цӕмӕй уӕ мидианӕгтӕй фервӕзын кӕна, уый тыххӕй йӕ цардыл нӕ ауӕрста!


Йӕ цард дӕр ӕвгъау нӕ кодта, афтӕмӕй амардта филистимаг богалы, ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн радта стыр уӕлахиз. Ды уыдӕттӕ куы федтай ӕмӕ куы бацин кодтай, уӕд дӕ цӕмӕн фӕнды ӕназым туг ныккалын, Давиды ӕнаххосӕй амарын?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ