Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 11:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ӕртӕ ӕхсарджыны филистимӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырстой, Вифлеемы кулдуары цур цъайӕ дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрхастой. Фӕлӕ дзы йӕ зӕрдӕ нӕ бакуымдта бануазын, Дунедарӕджы кадӕн ӕй акалдта

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 11:18
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕртӕ ӕхсарджыны филистимӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырстой, Вифлеемы кулдуары цур цъайӕ дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрхастой. Фӕлӕ дзы йӕ зӕрдӕ нӕ бакуымдта бануазын, Дунедарӕджы кадӕн ӕй акалдта


Давид дойныйӕ марди ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, Вифлеемы кулдуары цур цы цъай ис, уырдыгӕй мын исчи дон куы ӕрбадавид!»


ӕмӕ загъта: «Уымӕй мӕ бахизӕд Хуыцау! Нӕ бануаздзынӕн! Сӕ удтӕ сӕ армы даргӕйӕ чи ацыд, уыдоны туг куы у ай!» Ӕмӕ дзы нӕ бакуымдта нуазын. Гъе ахӕм лӕгдзинад равдыстой уыцы ӕртӕ хӕстоны.


О, макуы мӕ фӕхицӕн кӕн дӕ зӕрдӕйӕ, о, де ’нгуылдзыл мӕ къухдарӕнау бакӕн! Уымӕн ӕмӕ уарзондзинад тыхджын у мӕлӕтау, мӕрдтыбӕстау ӕгъатыр у зӕрдӕхсайд, йӕ фӕттӕ пиллон артау судзынц!


Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.


Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цӕмӕн риссын кӕнут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йесойы номы сӕраппонд Йерусалимы амӕлынмӕ дӕр».


Йӕ цард дӕр ӕвгъау нӕ кодта, афтӕмӕй амардта филистимаг богалы, ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн радта стыр уӕлахиз. Ды уыдӕттӕ куы федтай ӕмӕ куы бацин кодтай, уӕд дӕ цӕмӕн фӕнды ӕназым туг ныккалын, Давиды ӕнаххосӕй амарын?»


Израилӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Мицпамӕ, ӕвгӕдтой дон ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз калдтой. Уыцы бон уым ком фӕдардтой ӕмӕ фӕсмонӕй сӕхи хордтой: «Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стӕм». Самуел Мицпайы сси израилӕгты фӕтӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ