Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 11:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 уӕд Елеазар ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ хуымы астӕу ӕрлӕууыдысты ӕмӕ хуым дӕр бахъахъхъӕдтой, филистимӕгты дӕр ныццагътой — Дунедарӕг Израилӕн стыр уӕлахиз радта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 11:14
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

фӕлӕ Елеазар фидар фӕлӕууыд, филистимӕгты цагъта, цалынмӕ йӕ къух бастад ӕмӕ йын карды фистоныл нындӕгъд, уӕдмӕ. Уыцы бон Дунедарӕг стыр уӕлахиз радта. Ӕфсад фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ма сӕ ӕрмӕстдӕр хъуыди, мӕрдтӕм исбонӕй цы уыд, уый ӕрӕмбырд кӕнын.


Арамы паддзахы ӕфсады хицау Нееман уыди хъотырнизӕй рынчын. Ӕнӕуи номдзыд лӕг уыди, дзырддзӕугӕ лӕг, стӕй хъӕбатыр хӕстон. Уый фӕрцы Дунедарӕг Арамӕн лӕвӕрдта уӕлахизы амонд.


Давидимӕ Пас-Даммимы, филистимӕгтӕ уырдӕм хӕцынмӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд цы ӕртӕ хӕстоны уыди, уыдонӕй иу. Уыцы ран уыди хъӕбӕрхоры зад хуым. Израилӕгтӕ лидзӕг куы фесты филистимӕгты разӕй,


Дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕтӕгӕй ӕртӕ Адулламы лӕгӕтмӕ Давидмӕ ныццыдысты къӕдзӕхрӕбынмӕ. Уӕд филистимӕгты рӕсӕнуат Рефаимты дӕлвӕзы уыд.


Дӕ алы фӕлдисонд дӕр, Дунедарӕг, кад кӕны Дӕуӕн, Дӕ сыгъдӕджытӕ Дын арфӕ кӕнӕнт.


Тохы бонмӕ бӕх ӕрцӕттӕ кӕнынц, фӕлӕ уӕлахиз Дунедарӕг ратты.


Афтӕмӕй Дунедарӕг уыцы бон Израилӕн радта уӕлахиз. Хӕсты цӕхӕр анхъӕвзта суанг Бет-Авены фалемӕ.


Йӕ цард дӕр ӕвгъау нӕ кодта, афтӕмӕй амардта филистимаг богалы, ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн радта стыр уӕлахиз. Ды уыдӕттӕ куы федтай ӕмӕ куы бацин кодтай, уӕд дӕ цӕмӕн фӕнды ӕназым туг ныккалын, Давиды ӕнаххосӕй амарын?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ