Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 11:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Мӕнӕ, Давид Дунедарӕджы фӕндонӕй Израилы паддзах цӕмӕй суа, уый тыххӕй Израилы адӕмимӕ йӕ фарс чи рахӕцыд, йӕ уыцы ӕхсарджынты хистӕртӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 11:10
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авнер Давидӕн загъта: «Цӕй, ӕз ныр ацӕуон ӕмӕ мӕ бардарӕгмӕ, мӕ паддзахмӕ, ӕппӕт Израилы адӕмы дӕр ӕрхонон, цӕмӕй демӕ фидыд саразой, ӕмӕ ды паддзах уай, кӕмӕн дӕ фӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр». Давид сразы ис Авнеры ныхасыл, ӕмӕ уый фарнимӕ араст ис.


Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрцыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Самуелы дзыхы кӕй бавӕрдта, уыцы ныхас.


Уыдон Давиды фарс хӕцыдысты абырджыты ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ. Фӕстӕдӕр систы ӕфсады хицӕуттӕ.


Мӕнӕ, Давидмӕ Хевроны сахармӕ цы хӕстифтонг къордтӕ ӕрцыд, уыдоны хыгъд. Ӕрцыдысты йӕм, цӕмӕй йӕ Саулы бӕсты сӕвӕрой паддзахӕй, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй йӕм уарт ӕмӕ арцифтонгӕй ӕрцыд ӕхсӕз мин астсӕдӕ хӕстоны.


Ацы ӕфсӕддонтӕ се ’ппӕт дӕр хӕстифтонгӕй ӕрцыдысты Хевронмӕ, Давиды ӕппӕт Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрыны фӕндимӕ. Уымӕ ӕмзӕрдӕйӕ бӕллыдысты иннӕ изрӕилӕгтӕ дӕр.


Уым Давидмӕ фесты ӕртӕ боны. Хӕрд ӕмӕ нозтхъуаг нӕ баййӕфтой, уымӕн ӕмӕ сын се ’рвадӕлтӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой.


Мӕнӕ, афӕдзы дӕргъы-иу паддзахӕн мӕйгай лӕггад кӕнынмӕ чи ӕрбацыд, уыцы ӕфсӕддон къордтӕ. Алы къорд дӕр-иу ӕрбацыд йӕ рады, иу мӕйы ӕмгъуыдмӕ. Къордтӕй алкӕцыйы дӕр уыди цыппар ӕмӕ ссӕдз мин израиладжы, уыдонимӕ мыггӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ, бӕрнылӕгтӕ — ӕфсӕддон къордтимӕ баст алы хъуыддӕгты паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыдон.


Давид Йерусалиммӕ ӕрхуыдта Израилы ӕппӕт раздзӕуджыты: хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты, паддзахы ӕфсӕддон къордты хицӕутты, миныхицӕутты, сӕдӕйыхицӕутты, паддзахы ӕмӕ йӕ фыртты исбонмӕ ӕмӕ фосмӕ кӕсджыты, ноджы ма паддзахы барджынты, йе ’хсарджынты ӕмӕ ӕппӕт иннӕ зынгӕ лӕгты.


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ