6 Гъе афтӕ фӕмард сты Саул ӕмӕ йе ’ртӕ фырты; йӕ хӕдзар ӕгасӕй дӕр бабын.
Йӕ хотыхдар ӕй мардӕй куы ауыдта, уӕд уый дӕр йӕ карды фындзыл ныппӕрста йӕхи ӕмӕ амард.
Изреелы дӕлвӕзы цӕрӕг израилӕгтӕ куы федтой, Израилы ӕфсад дӕрӕнгонд ӕрцыди, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та фӕмард сты, уый, уӕд сӕ сахартӕй фӕлидзӕг сты. Филистимӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ бацахстой.
Дарддӕр дӕр ма фыдбылыз куы аразат, уӕд та уӕ паддзахимӕ иумӕ бабын уыдзыстут».
Афтӕ уыцы иу бон фӕмард сты Саул ӕмӕ йе ’ртӕ фырты, стӕй йӕ хотыхдар ӕмӕ йӕ адӕм се ’ппӕт дӕр.
Фидыды Чырыны коймӕ Елиа йӕ бандонӕй кулдуары цур уӕлгоммӕ ахауди. Уыйадыл уӕззау зӕронд лӕгӕн йӕ бӕрзӕй асаст ӕмӕ амарди. Израилӕн дыууиссӕдз азы дӕргъы сӕ фӕтӕг уыд.