2 Филистимӕгтӕ фӕсте асырдтой Саул ӕмӕ йӕ фыртты ӕмӕ амардтой Ионатан, Авинадав ӕмӕ Малкишуайы, Саулы фыртты.
Иосиа-паддзахы заман Мысыры паддзах, фараон Нехо, ӕд ӕфсад араст ис Евфраты доны ’рдӕм, Ассирийы паддзахы ныхмӕ. Мегиддойы цур ӕй Иосиа бауроминаг уыд, фӕлӕ йӕ Нехо куы федта, уӕд ӕй амардта.
Цедекиайӕн йӕ фыртты аргӕвстой йӕ цӕстыты раз, йӕхицӕн та йын йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йӕ хъадаманты мидӕг Вавилонмӕ акодтой.
Саулы ныхмӕ тох стынг ис. Фатӕхсджытӕ йӕм баввахс сты ӕмӕ йӕ уӕззау цӕфтӕ фӕкодтой.
Нерӕй райгуырди Киш; Кишӕй райгуырди Саул; Саулӕй райгуырдысты Ионатан, Малкишуа, Авинадав ӕмӕ Ешбаал.
Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,
Саулӕн уыди фырттӕ: Ионатан, Ишви ӕмӕ Малкишуа. Йӕ дыууӕ чызгӕй хистӕр хуынди Мерав, кӕстӕр та — Мелхолӕ.
Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕттӕм бахъуызӕм. Кӕд нын Дунедарӕг баххуыс кӕнид — Уымӕн зын нӕу махӕн уӕлахиз раттын, фӕнды бирӕ уӕм, фӕнды — чысыл».
Филистимӕгтӕ фӕсте асырдтой Саул ӕмӕ йӕ фыртты ӕмӕ амардтой Ионатан, Авинадав ӕмӕ Малкишуайы, Саулы фыртты.