Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 10:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 ӕмӕ се ’хсарджынтӕ ӕмхуызонӕй фӕдисы ацыдысты ӕмӕ Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ Иавешмӕ ӕрбахастой. Се стджытӕ сын Иавешмӕ ӕввахс тулдз бӕласы бын баныгӕдтой. Уый фӕстӕ авд боны дӕргъы ком фӕдардтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 10:12
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ханааны зӕххыл сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ бафтыдысты Шехеммӕ, Морейы тулдз кӕм уыди, уыцы бынатмӕ. Уыцы зӕххыл уӕды заман ханаанӕгтӕ цардысты,


Амарди Ревеккӕйы дыджызӕ Деворӕ, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Вефилмӕ хӕстӕг, тулдзы бын. Уыцы бӕлас схуыдтой Аллон-Бахут.


Иорданы фале Горен-Атадмӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уым Йосефы фыдыл еххӕй фӕкуыдтой, фӕбогъ-богъ кодтой, фӕхъыг ыл кодтой авд боны.


Фӕстӕдӕр, рухс ма уыди, афтӕмӕй адӕм иууылдӕр Давидмӕ хатыдысты, цӕмӕй исты скомдзаг кӕна. Фӕлӕ Давид ард бахордта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, ӕз хуры аныгуылдмӕ мӕ дзыхмӕ исты куы схӕссон, уӕд!»


Галаады сахар Иавешы цӕрджытӕ фехъуыстой, филистимӕгтӕ Саулӕн цы ӕбуалгъ митӕ бакодтой, уый,


Ӕмӕ иудейӕгтӕй бирӕтӕ ӕрбацыдысты Марфӕ ӕмӕ Мариамӕ се ’фсымӕры зианы тыххӕй сын тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ.


Уымӕй иу мӕй фӕстӕдӕр аммонаг Нахаш йе ’фсадимӕ ӕрбабырста ӕмӕ ӕрхъула кодта Галаады сахар Иавешыл. Иавешы цӕрджытӕ загътой Нахашӕн: «Цӕдис скӕн немӕ, ӕмӕ дӕ дӕлбартӕ уыдзыстӕм».


Уыйадыл Иавешы минӕвӕрттӕн бафӕдзӕхстой: «Галаадаг Иавешы адӕмӕн афтӕ зӕгъут: „Райсом уӕм хуры ӕрбандӕвдимӕ фӕзындзӕн ӕххуыс“». Минӕвӕрттӕ аздӕхтысты, Иавешы адӕмӕн фехъусын кодтой, ӕмӕ уыдонӕн сӕ зӕрдӕ барухс.


ӕмӕ се ’хсарджынтӕ ӕмхуызонӕй Бет-Шеанмӕ фӕдисы ацыдысты. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕцыдысты ӕмӕ Бет-Шеаны сисӕй Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ ӕристой. Ӕрбахастой сӕ Иавешмӕ ӕмӕ сӕ уым басыгътой,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ