10 Саулы хотыхтӕ сӕ хуыцӕутты кувӕндоны бавӕрдтой, йӕ сӕр та йын Дагоны кувӕндоны сисыл ӕрцауыгътой.
Галаады сахар Иавешы цӕрджытӕ фехъуыстой, филистимӕгтӕ Саулӕн цы ӕбуалгъ митӕ бакодтой, уый,
Саулӕн йӕ хотыхтӕ, йӕ гӕрзтӕ раппӕрстой, йӕ сӕр ын ракодтой ӕмӕ сӕ филистимӕгты зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ фӕластой, уӕлахизы уац сӕ гуымирытӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ.
Саулы хотыхтӕ Астартӕйы кувӕндоны бавӕрдтой, йӕ мард та йын Бет-Шеаны сисыл ӕрцауыгътой.