Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Филистимӕгтӕ схӕцыдысты израилӕгтимӕ, ӕмӕ Израилы хӕцӕг адӕм лидзӕг фесты. Бирӕтӕ дзы цӕфтӕй баззадысты Гилбоайы хохы фӕхстыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 10:1
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

О Гилбоайы хӕхтӕ! Ӕртӕх дӕр уыл мауал ӕрбада, къӕвда дӕр уыл мауал ӕрцӕуа, уӕ хуымтӕ тыллӕг мауал феной — уым баззад дзӕгъӕлӕй ӕхсарджынты уарт — Саулы ӕнӕсӕрст уарт уым ис!


Лӕппу загъта: «Ӕнӕнхъӕлӕджы бафтыдтӕн Гилбоайы хохмӕ ӕмӕ федтон, Саул йӕ арцыл куыд ӕрӕнцой кодта ӕмӕ йӕм тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ куыд баввахс сты, уый.


Давид ацыди ӕмӕ галаадаг Иавешы цӕрджытӕй райста Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны стджытӕ. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ филистимӕгтӕ Гилбоайы цур Саулы ӕфсадыл куы фӕуӕлахиз сты, уӕд Саул ӕмӕ Ионатаны мӕрдтӕ Бет-Шеаны сахары фӕзы ӕрцауыгътой, ӕмӕ сӕ Иавешы цӕрджытӕ уырдыгӕй радавтой.


Дыккаг бон филистимӕгтӕ фӕзындысты мӕрдты стигъынмӕ ӕмӕ Гилбоайы хохыл мардӕй ссардтой Саул ӕмӕ йӕ фыртты.


Ацелӕн уыд ӕхсӕз фырты: Азрикам, Бохру, Измаел, Шеари, Овади, Ханан.


Уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд кодтой се ’фсад Израилимӕ схӕцынмӕ. Ахиш загъта Давидӕн: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зондзынӕ, дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр мемӕ хӕстмӕ цӕугӕ кӕй у, уый».


Филистимӕгтӕ ӕмбырдӕй ӕрцыдысты Шунеммӕ ӕмӕ уым рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. Саул дӕр фӕсидти ӕппӕт израилӕгтӕм, ӕмӕ ӕрбынат кодтой Гилбоайы хохыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ