Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 1:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Авраамӕн йӕ номылус Кетурайӕ рацыди фырттӕ: Зимран, Йокшан, Медан, Мидиан, Ишбак, Шуах. Йокшаны фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 1:32
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.


Соломон Дунедарӕгӕн стыр кад кӕй кодта ӕмӕ номджын паддзах кӕй сси, уый Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст, ӕмӕ йӕм ӕрбацыди базон-базонтӕй йӕ бафӕлварынмӕ.


Йетур, Нафиш, Кедма. Адон сты Измаелы байзӕддӕгтӕ.


Мидианы фырттӕ: Ефа, Ефер, Ханох, Авида, Елдага. Се ’ппӕт дӕр рацыдысты Кетурайӕ.


Дзӕгъӕлы сӕ фӕагурынц темайаг чырӕтӕ, сӕ зӕрдӕ сыл дарынц савайаг фӕндаггӕттӕ;


Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!


Фӕлӕ ӕз афтӕ куы загътаин, уӕд Дӕ хъӕбултыл гадзрахатӕй рацыдаин.


Рагуац Аравийы тыххӕй. Аравийы хъӕдты бахсӕвиуат кӕнут, деданӕгты чырӕтӕ!


Теуаты чырӕты бын фӕуыдзынӕ. Ӕрбатӕрдзысты дын сӕ Мидиан ӕмӕ Ефӕйы бӕстӕтӕй. Савайы бӕстӕй дын ӕрбаласдзысты сыгъзӕрин ӕмӕ буд ӕмӕ кад кӕндзысты Дунедарӕгӕн.


Дедан, Тема ӕмӕ Бузы цӕрджытӕн, стӕй, сӕ къӕмисӕнтӕ цы адӕмтӕ дасынц, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр;


Деданы цӕрджытӕ, фӕстӕмӕ мауал кӕсут, лидзгӕут ӕмӕ лӕгӕтты бамбӕхсут. Уымӕн ӕмӕ Ӕз Исавӕн фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, йӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд, ӕмӕ йӕ бафхӕрдзынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ ӕмӕ йын ныццӕгъддзынӕн йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр, йӕхи та йын ныггӕныстон кӕндзынӕн. Теманӕй Деданы онг карды амӕттаг бауыдзысты иууылдӕр.


Деданы цӕрджытӕ дын уӕй кодтой зынаргъ базӕмбӕрзӕнтӕ саргъы бӕхты рӕвдзӕн.


Ӕмӕ дын мӕнӕ израилӕгтӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм, Моисей ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, уыдон Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ куыд куыдтой, афтӕ мидианаг сылгоймаджы куы ӕрбакӕнид.


«Израилӕгты маст райс мидианӕгтӕй ӕмӕ уый фӕстӕ ацы дунейӕ ахицӕн уыдзынӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ