Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 8:21 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

21 Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 8:21
50 Iomraidhean Croise  

Адамӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Дӕ усы коммӕ кӕй бакастӕ ӕмӕ дын тобӕ цы бӕласӕй загътон, уый дыргътӕй кӕй бахордтай, уый тыххӕй ӕлгъыст у зӕхх дӕу тыххӕй. Цӕрӕнбонты дзы исдзынӕ дӕ къӕбӕр, хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ.


Кусдзынӕ йыл, фӕлӕ дзы бӕркадджын тыллӕг нал райсдзынӕ. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕ дӕ цард».


ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Ной. Афтӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ удхайраг куысты, Дунедарӕг кӕй ралгъыста, уыцы зӕххы бӕркадӕй».


Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны хъуамӕ фесафон: сӕ фыдмитӕй йӕ байдзаг кодтой. Бабын сӕ кӕндзынӕн зӕххимӕ иумӕ.


Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.


Дунедарӕг федта, адӕймаг бынтондӕр кӕй сӕлгъаг, йӕ сӕрызонды фыдбылызӕй дарддӕр кӕй ницыуал баззад, уый,


ӕмӕ загъта: «Зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн Ме сфӕлдыст адӕмы. Никӕйуал ныууадздзынӕн удӕгасӕй — нӕдӕр адӕмы, нӕдӕр цӕрӕгойты, нӕдӕр хилӕгойты, нӕдӕр уӕларвон мӕргъты. Ӕрфӕсмон кодтон, кӕй сӕ сфӕлдыстон, ууыл».


Фыддзинад дын хорз ракӕнынӕй — ӕхцондӕр, мӕнгдзинад та — раст ныхӕстӕ дзурынӕй.


Бахиз мӕ фыдгӕнджытӕй, тугцъиртӕй мӕ фервӕзын кӕн!


Амарынвӕнд мӕ скодтой, бабадтысты мӕ размӕ. О Дунедарӕг, нӕдӕр фыдракӕнд сарӕзтон, нӕдӕр — тӕригъӕд, афтӕмӕй мыл ӕртыхстысты тыхгӕнджытӕ!


Ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ чи кӕны, тӕригъӕд ӕппындӕр чи никуы ракодта, ахӕм рӕстуд нӕй зӕххыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan