Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 7:21 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

21 Бабын ис зӕххыл цӕрӕг алы уд дӕр: мӕргътӕ, фос, сырдтӕ ӕмӕ, зӕхх бӕз-бӕз кӕмӕй кодта, уыцы хилӕгойтӕ, стӕй адӕм иууылдӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Бабын ис зӕххыл цӕрӕг алы уд дӕр: мӕргътӕ, фос, сырдтӕ ӕмӕ, зӕхх бӕз-бӕз кӕмӕй кодта, уыцы хилӕгойтӕ, стӕй адӕм иууылдӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 7:21
20 Iomraidhean Croise  

Хуыцау сфӕлдыста хъӕддаг сырдты, фос ӕмӕ алы хилӕгойты, алкӕй дӕр — йӕ мыггагмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.


Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны хъуамӕ фесафон: сӕ фыдмитӕй йӕ байдзаг кодтой. Бабын сӕ кӕндзынӕн зӕххимӕ иумӕ.


Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.


Авд боны фӕстӕ дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дӕргъы зӕххыл уадздзынӕн къӕвда. Ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыстон, уыдон».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan