Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 6:17 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

17 Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 6:17
33 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы, царды комулӕфт дзы бауагъта, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг.


Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны хъуамӕ фесафон: сӕ фыдмитӕй йӕ байдзаг кодтой. Бабын сӕ кӕндзынӕн зӕххимӕ иумӕ.


Сараз ын сӕр ӕмӕ йӕ иу ӕлмӕрины бӕрц уӕлӕмӕ сис, наумӕ рухс куыд цӕуа, афтӕ. Науы уӕд ӕртӕ уӕладзыджы, йӕ иу фарсыл — дуар.


ӕмӕ загъта: «Зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн Ме сфӕлдыст адӕмы. Никӕйуал ныууадздзынӕн удӕгасӕй — нӕдӕр адӕмы, нӕдӕр цӕрӕгойты, нӕдӕр хилӕгойты, нӕдӕр уӕларвон мӕргъты. Ӕрфӕсмон кодтон, кӕй сӕ сфӕлдыстон, ууыл».


Цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты Ноймӕ ӕмӕ къайгай бахызтысты наумӕ.


Зӕххыл доныхъаймӕт абухта дыууиссӕдз боны. Дон сбирӕ ис ӕмӕ зӕххы сӕрмӕ систа нау.


Авд боны фӕстӕ дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дӕргъы зӕххыл уадздзынӕн къӕвда. Ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыстон, уыдон».


«Абон Ӕз фидыд аразын уемӕ ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтимӕ,


«Цы пайда ис мӕ мӕлӕтӕй, ингӕнмӕ кӕй бацӕудзынӕн, уымӕй? Зӕххы рыг Дын скад кӕндзӕни? Дӕ иузӕрдионы кой ракӕндзӕни?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan