Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 49:6 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 Нӕ уыдзынӕн ӕз уыдонимӕ ’мдзӕхдон, се ’мбырдмӕ нӕ бавӕрдзынӕн къах, — куы смӕсты вӕййынц — адӕмы цӕгъдынц, сӕ хъалӕй уыдон галтӕн сӕ счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кӕнынц!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Нӕ уыдзынӕн ӕз уыдонимӕ ’мдзӕхдон, се ’мбырдмӕ нӕ бавӕрдзынӕн къах, — куы смӕсты вӕййынц — адӕмы цӕгъдынц, сӕ хъалӕй уыдон галтӕн сӕ счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кӕнынц!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 49:6
29 Iomraidhean Croise  

Йаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!»


Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы, тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы, фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.


Арфӕ ракӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн! Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, стыр дӕ Ды! Кад ӕмӕ стырад — Дӕ фӕлыст.


ӕнӕхуыцау лӕбурджытӕй, чи мыл ӕрхъула кодта, уыцы знӕгтӕй.


Де ’ргом мӕ ма аздах! Фыдӕхы хӕрам ма фӕу дӕ цагъармӕ. Ды уыдтӕ ме ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ мыл ныр дӕр Дӕхи ма атигъ кӕн, ма мӕ ныууадз, о Хуыцау, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг!


Дунедарӕджы хъӕлӕс денджызты сӕрмӕ ныййазӕлыд, цытджын Хуыцау ныннӕрыди, Дунедарӕджы хъӕлӕс бӕстӕ ныццарыдта дӕтты сӕрмӕ.


Ме знӕгтӕ мӕ хынджылӕг кӕнынц, суанг мыл мӕ сыхӕгтӕ дӕр худынц. Ме ’рдхӕрдтыл мӕ уындӕй тас бахӕцы, куы мӕ ауынынц, уӕд лидзӕг фӕвӕййынц.


Мӕ уд, уӕдӕ цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ? Цӕуыл у дӕ сагъӕс? Дӕ Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.


О Хуыцау, Ды — мӕ паддзах! Фервӕзын кӕн Йаковы фӕдонты!


Сӕ иу ныхасыл дӕр ӕууӕнк нӕй, сӕ зӕрдӕ у фыдбылызмӕ арӕзт, сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард.


Фесӕфӕнт зӕххы ахъарӕг донау! Се ’рдынбостӕ куы айвазой, уӕд сӕ фӕттӕ асӕттӕнт!


Хуыцау! Кады аккаг Ды дӕ Сионыл, нӕ сомытӕ сӕххӕст кӕндзыстӕм Дӕ разы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan