Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 49:25 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

25 Дӕ фыды Хуыцау аудӕд дӕуыл, Ӕппӕтхъомысы арфӕ дыл ӕмбӕлӕд: уӕларвы ’ртах ӕмӕ, зӕххы бын цы дон ис, уымӕй, дӕ хуымтӕ донӕфсӕст цы ’ййафой, дӕ байзӕддаг бирӕ-бирӕ цы бауа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Дӕ фыды Хуыцау аудӕд дӕуыл, Ӕппӕтхъомысы арфӕ дыл ӕмбӕлӕд: уӕларвы ’ртах ӕмӕ, зӕххы бын цы дон ис, уымӕй, дӕ хуымтӕ донӕфсӕст цы ’ййафой, дӕ байзӕддаг бирӕ-бирӕ цы бауа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 49:25
22 Iomraidhean Croise  

Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!


Гъемӕ дӕ Хуыцау арвы ’ртӕх ӕмӕ зӕххы сойӕ барӕвдауӕд! Дӕ хортӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕн ныккӕнӕн дӕр куыннӕ уа, уыцы хорзӕхӕй дӕ схайджын кӕнӕд!


Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.


стӕй мӕ фыды уӕзӕгыл фӕстӕмӕ фарнимӕ куы сӕмбӕлон, уӕд Дунедарӕг уыдзӕни мӕ Хуыцау.


Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕнӕд, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысӕд!


Йаков скуывта: «О мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау! О Дунедарӕг, афтӕ мын Чи загъта, аздӕх дӕхи бӕстӕм, дӕ хионтӕм, ӕмӕ дыл ауддзынӕн, зӕгъгӕ!


Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн.


Сыстӕм ардыгӕй ӕмӕ ссӕуӕм Вефилмӕ. Уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн, мӕ зыны сахат-иу мын Чи баххуыс кодта ӕмӕ, цы фӕндӕгтыл фӕцыдтӕн, уым мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн».


Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Тыхсгӕ ма кӕнут ӕмӕ ма тӕрсут! Айразмӕ мӕм уе ’взист фӕхӕццӕ ис. Уыцы хӕзна та уын, ӕвӕццӕгӕн, уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта уӕ голджыты». Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сӕм Симеоны ракодта


Йаков Йосефӕн загъта: «Кӕддӕр мӕм Ӕппӕтхъомыс Хуыцау ӕргом рацыди Лузы, Ханааны зӕххыл, ӕмӕ мын раарфӕ кодта.


Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.


Зӕрдӕбынӕй Дӕ стаудзынӕн ӕмӕ мыггагмӕ кад кӕндзынӕн Дӕ номӕн, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan