Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 48:7 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Уымӕй де ’дзард мад Рахелы сӕр нымайын. Падданӕй куы рацыдтӕн, уӕд Ханааны зӕххыл, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм, афтӕмӕй, ме ’намондӕн, амарди Рахел. Йӕ мард дӕр ын уым бавӕрдтон, Ефрафӕмӕ фӕндагыл». Ефрафӕ ныр хуыйны Вифлеем.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уымӕй де ’дзард мад Рахелы сӕр нымайын. Падданӕй куы рацыдтӕн, уӕд Ханааны зӕххыл, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм, афтӕмӕй, ме ’намондӕн, амарди Рахел. Йӕ мард дӕр ын уым бавӕрдтон, Ефрафӕмӕ фӕндагыл». Ефрафӕ ныр хуыйны Вифлеем.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 48:7
13 Iomraidhean Croise  

Исаакыл цыди дыууиссӕдз азы, Паддан-Арамӕй йын арамейаг Бетуелы чызг Ревеккӕйы, Лаваны хойы, куы ӕрхастой, уӕд.


Афтӕ Йаков, Паддан-Арамӕй куы рацыди, уӕд сӕрӕгасӕй бахӕццӕ ис ханаанаг сахар Шехемы онг ӕмӕ сахармӕ хӕстӕг ӕрбынат кодта.


Йаков ын йӕ ингӕны сӕрмӕ зӕрдылдарынӕн дур сӕвӕрдта, ӕмӕ ма уыцы дур абон дӕр лӕууы Рахелы ингӕныл.


Йаков Паддан-Арамӕй куы ӕрбаздӕхти, уый фӕстӕ та йӕм Хуыцау ногӕй ӕргом рацыд ӕмӕ йын раарфӕ кодта.


Сӕ фӕстӕ ма дын чи рантыса, уыдон та нымад уыдзысты дӕхи цотыл, ӕмӕ сӕ бынтӕ уыдзысты сӕ хистӕр ӕфсымӕрты зӕххы хайыл.


Уыцы лӕг хуынди Елимелех, йӕ усы ном — Наоми, йӕ фырттӕ та хуындысты Махлон ӕмӕ Килеон; уыдысты иудейаг Вифлеемӕй, ефрафӕгтӕ. Ӕрбацыдысты Моавы быдырмӕ ӕмӕ уым ӕрӕнцадысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan