Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 46:12 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Иудӕйы фырттӕ: Ер, Онан, Шела, Парец, Зарах. Ӕцӕг, Ер ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл. Парецы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Иудӕйы фырттӕ: Ер, Онан, Шела, Парец, Зарах. Ӕцӕг, Ер ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл. Парецы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 46:12
29 Iomraidhean Croise  

Ногӕй та банхъӕлцау ис, ӕмӕ та йын райгуырди лӕппу. Загъта: «Ныр стаудзынӕн Дунедарӕджы!» Уымӕ гӕсгӕ йыл сӕвӕрдта ном Иудӕ. Уый фӕстӕ Леайӕн цот нал цыди.


Онан цы ми кодта, уый Дунедарӕджы цӕсты фыдми уыд, ӕмӕ Дунедарӕг уымӕн дӕр йӕ цард айста.


Шуайы чызг та ногӕй банхъӕлцау ис, лӕппу ныййардта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Онан.


Уый фӕстӕ ма ныййардта иу лӕппу ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдта ном Шела. Уыцы рӕстӕг Иудӕ уыди Кезивы.


Фӕлӕ Ер, Иудӕйӕн йӕ зӕнӕджы хистӕр, Дунедарӕджы цӕсты фыдлӕг уыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ цард аскъуыдта.


Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат, Мерари.


Иссахары фырттӕ: Тола, Пувва, Иов, Шимрон.


Дунедарӕг дын ацы ӕрыгон сылгоймагӕй цы байзӕддаг ратдзӕн, уымӕй дӕ хӕдзар, Тамар Иудӕйӕн кӕй ныййардта, уыцы Парецы хӕдзары хуызӕн суӕд».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan