Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 43:26 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

26 Йосеф хӕдзармӕ куы ’рбацыди, уӕд ын бахастой сӕ хуынтӕ ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Йосеф хӕдзармӕ куы ’рбацыди, уӕд ын бахастой сӕ хуынтӕ ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 43:26
11 Iomraidhean Croise  

Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Йӕхӕдӕг цыди разӕй ӕмӕ, цалынмӕ йе ’фсымӕрмӕ бахӕццӕ ис, уӕдмӕ йын авд хатты зӕххы онг ӕркуывта.


Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрзтӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, буд ӕмӕ ӕхсӕртӕ — фисташкӕтӕ ӕмӕ миндал.


Уыдон ын дзуапп радтой: «Дзӕбӕх, сӕрӕгас у дӕ цагъар, нӕ фыд». Ӕмӕ та ӕрзоныг кодтой йӕ разы.


Арвы ныхмӕ ныххӕлиу кодтой сӕ дзыхтӕ, ӕгас зӕххыл уырзӕй сгары се ’взаг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan